Амиран Гамхърелидзе - Кобулеты  коронавирусмæ гæсгæ   паникæйы бындур нæй,  процесс  тагъд басабыр уыдзæн
Амиран Гамхърелидзе - Кобулеты коронавирусмæ гæсгæ паникæйы бындур нæй, процесс тагъд басабыр уыдзæн

Кобулеты  коронавирусмæ гæсгæ   паникæйы бындур нæй,  процесс  тагъд басабыр уыдзæн –  уый фæдыл низты  контролы националон центры къухдариуæггæнæг  Амиран Гамхърелидзе, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн Кобулеты  коронавирусы бæовырд  цауты фæдыл  фехъусын кодта.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,   нырид  бæрæг сты,  фæрынчынуæвджытимæ  контакт кæмæн уыд  уыцы  91  адæймаг, æмæ  дарддæр кæны лæмбынæг эпидемиологион  иртасæн.

«Кобулеты  паникæйы  бындур нæй.  Цау  сбæлвырд ис иуæй-иу  кафейы, цы ран гом тыгъдады  адæмы æмбырд уыд.  Æртæ дæр фæрынчынуæвæг, Тбилисæй  ныццæугæтæ  сты.  Уыдон сæрдыгай  кусджытæ сты  Кобулеты.  Басгæрстам  алы  контакты. Кафейы фæкарздæр сты  регуляцитæ, цæуы лæмбынæг  эпид-иртасæн  æмæ  эпидемийы  ныхмæ   мадзæлттæ.  91 адæймагы  басгæрстам. Мæ  хъуыдымæ гæсгæ Кобулеты  процесс  тагъд  басабыр уыдзæн. Афтæмæй  сæрды сезонмæ ницы  тас  æртъхъирæн кæны» – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.