Амиран Гамхърелидзе хъусын кæны, цæмæй фадынæгæй инфицирдзинады цаутæ Гуырдзыстоны, цæхгæр фæкъаддæр сты
Бæстæйы фадынæгæй инфицирдзинады цаутæ цæхгæр фæкъаддæр сты – уый фæдыл Гуырдызстоны Фыццаг Къаналæн низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центры директор Амиран Гамхърелидзе фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг мæйы дæргъы, фадынæгы ахæлиуы æрдгæй, уæвæг уавæр банкъаринагæй фæхуыздæр ис.
Сæрмагондæй та, Гамхърелидзейы фидиуæнæй, кæд майы æрвылбойнонæй, фадынæгæй инфицирдзинады 15-20 цау факсир кодта, ацы этапыл фæнысангонд диагноз, боны мидæг сæвæрынц 3-6 пациентæн.
Низты контролы центры къухдариуæггæнæг уавæры фæхуыздæры сбаста вакцианциимæ æмæ хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ уæлæмхас æфтауын 150 мин адæймаг ацыд. Фæлæ афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, нысангонд æвдисæгæй, ацы бæрæггæнæнтæ 250 мины онг хъуамæ схиза, цæмæй фадынæгы ахæлиу ноджы фæкъаддæр уа.
Амиран Гамхърелидзе сиды цæрджытæм, сæрмагондæй та 20-æй 40 азы онг уæнгтæм, кæцытæ бæлвырдæй нæ зонынц, низы ныхмæ хос æфтыд сты æви нæ, æнæмæнгæй ацæуой вакцинаци.