Амиран Гамхърелидзе  хъусын кæны, цæмæй фадынæгæй  инфицирдзинады  цаутæ  Гуырдзыстоны, цæхгæр  фæкъаддæр сты
Амиран Гамхърелидзе хъусын кæны, цæмæй фадынæгæй инфицирдзинады цаутæ Гуырдзыстоны, цæхгæр фæкъаддæр сты

Бæстæйы  фадынæгæй  инфицирдзинады  цаутæ  цæхгæр  фæкъаддæр сты –  уый фæдыл  Гуырдызстоны Фыццаг Къаналæн  низты  контролы æмæ  æхсæнадон   æнæниздзинады  националон центры директор  Амиран Гамхърелидзе  фехъусын кодта.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,  фæстаг мæйы  дæргъы,  фадынæгы   ахæлиуы   æрдгæй, уæвæг  уавæр  банкъаринагæй   фæхуыздæр ис.

Сæрмагондæй та,  Гамхърелидзейы  фидиуæнæй,  кæд  майы  æрвылбойнонæй, фадынæгæй  инфицирдзинады  15-20  цау  факсир кодта,  ацы  этапыл  фæнысангонд диагноз, боны мидæг сæвæрынц  3-6  пациентæн.

Низты  контролы центры   къухдариуæггæнæг уавæры  фæхуыздæры сбаста  вакцианциимæ æмæ  хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ уæлæмхас  æфтауын  150 мин адæймаг  ацыд.  Фæлæ  афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,  нысангонд æвдисæгæй,   ацы бæрæггæнæнтæ  250   мины онг хъуамæ  схиза, цæмæй  фадынæгы   ахæлиу   ноджы  фæкъаддæр уа.

Амиран Гамхърелидзе   сиды  цæрджытæм, сæрмагондæй  та  20-æй  40 азы  онг   уæнгтæм,  кæцытæ бæлвырдæй  нæ зонынц,  низы  ныхмæ  хос æфтыд  сты  æви нæ, æнæмæнгæй  ацæуой  вакцинаци.