Амиран Гамхърелидзе -  базартæм цæстдард  серьозонæй карз кæны, уыдзæн æмбæлгæ ивар дæр
Амиран Гамхърелидзе - базартæм цæстдард серьозонæй карз кæны, уыдзæн æмбæлгæ ивар дæр

Серьозонæй карз  кæны  цæстдард базартæм, цæмæй   æмбæлон уавæртæ  алкуыран уа  хъахъхъæд –  уый фæдыл низты контролы  центры  къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе  фехъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ  уагæвæрд æрцæудзæн  серьозон  цæстдард  æмæ   фæткæвæрд халыны тыххæй  уыдзæн   ивар дæр.

«Бацыды размæ  термоскрининг; алчи хъуамæ дарæт маскæ; алы дуканийы, кæнæ  тæрхæгы цур   кусын хъæуы  маскæимæ;  социалон дистанци;  къухты арæх   сæрфын санитаризертæй –  алцыппæт ай  æнæмæнгхъæугæ у  æмæ  ууыл  уыдзæн тынг серьозон   цæстдард,  уыдзæн ивартæ дæр,   хъæугæ  æххæстгæнæгон  мадзæлттæ æмæ  а.д.  Уый æппæт куы нæ саразæм,   карз мадзæлттæ куы нæ райсмæ  уæд уыдзæн риск,  цæмæй инфекци дарддæр  ахæлиу  уыдзæн»  райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.

Гуырдзыстоны абон коронавирусы 24 ног  цау рабæрæг ис.  Уыдонæй  дæс, Гардабаны муниципалитеты  сфиксир ис.