Парламенты   раз   Евроцæдисы тырыса басудзыны фактыл МХМ  фондз гоймагы администрацион уагæй  фæивар кодта
Парламенты раз Евроцæдисы тырыса басудзыны фактыл МХМ фондз гоймагы администрацион уагæй фæивар кодта

14 марты, Руставелийы  проспектыл   акцийы рæстæджы  Евроцæдисы  тырыса басудзыны  фактыл  мидхъуыддæгты министрад  фондз гоймагы  администрацион уагæй  фæивар кодта.

Мидхъуыддæгты министрады пресс-куысты  информацийæ,  акцийы  хайадисджытæ  администрацион  барадсасты кодексы  174-0æм (18-æм прима) статимæ æмбæлгæйæ   фæивар ис, кæцы  Европæйы  цæдисы, цæгататлантикон  бадзырды  организацийы  кæнæ æндæр  æхсæнадæмон  организацийы  официалон  символ  бафхæрын  кæнæ æндæр паддзхадон тырысайы, гербы  бафхæрын,  æмæ   физикъон гоймагы  1000 ларийæ  фæивар кæнын дары йæ хъуыдйы.

Мидхъуыддæгты министрады  хъусын кæнынц,ц æмæй  гæнæн администрацион   барадсасты тыххæй, дарддæр кæны фæдагуырд.  Афтæма сæ информацийæ, администраион барадсасты нымæц, гæнæн ис  фæфылдæр уа.

14 марты «Алт-Инфойы»  æмæ «Консервативон Змæлды» минæвæрттæ парламенты бæстыхайы цур акци ауангътой.  Акцийы хайадисджытæ  парламенты  бæстыхайы цур  фæйлауæг  Евроцæдисы тырыса æристой  æмæ йæ басыгъдтой, йæ бынатыл  та  бахъавыдысты Гуырдзыстоны   тырыса  райтауын.