АИШ-ы Зонæдты Националон Академийы журналы мыхуыргонд æрцыд статья «Хуссар Кавказ, Гуырдзыстон, неолиты периоды дзулфыцæн мæнæуы равзæрды хæдбар центр»
Америкæйы Иугонд Штатты Зонæдты Националон Академийы журналы (PNAS) ныммыхуыр кодтой статья «Хуссар Кавказ, Гуырдзыстон, неолиты периоды дзул мæнæуы равзæрды хæдбар центр». Статья бæлвырд кæны, цæмæй Гуырдзыстон у æмæ ныртæккæ документалонæй дæр бæлвырдгонд рагон дзул мæнæуы (Triticum aestivum) равзæрды хæдбар центр. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны культурæйы министрад парахат кæны.
Сæ ныхасмæ гæсгæ, статья бындуриуæг кæны академик Давид Лорткипанидзейы сæргълæудæй уагъд æппæтдунеон мультидисциплинарон раиртæстæй, кæцы Гуырдзыстоны скъахгæ æмæ Шулаверы къуылдымтыл ссардæуыд 8000 азы рагон археологион æрмæгыл, афтæ дæр палеоэтноботанист, профессор Нана Русишвилийы бирæазон зонадон иртæстытыл.
Культурæйы министрады информацийы куыд дзырдæуы, афтæмæй Израилы Вайцманы номыл зонады институты уагъд радиоуглеродон датировкæйы методыл бындурæвæрдæй, сбæлвырд ис, цæмæй Гуырдзыстоны неолиты цæрæн бынæтты цы æрмæг ссардтой, уый æвдисы дунейы дзул мæнæуы уæвынады рагондæр зындгонд физикон бæлвырдгæнæнтæ.
Минитсрады информацийæ, иртасты æмавтортæ сты гуырдзиаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ: Джалабадзе Миндия, Мартхъоплишвили Инга, Мосулишвили Марине, Меладзе Нана, Магърадзе Давит, Боарето Элизабетта æмæ Батиук Стивен.
«Æхсæнадæмон бирæдисциплинарон иртаст уагъд æрцыд Гуырдзыстоны культурæйы министрады, сæны националон агентады проект «Сæн æмæ сæнæфсиры иртасын æмæ популяризацийы» фæлгæтты, Торонтойы университеты, Вайсманы институты æмæ «Æхсæнад Иверийы» æххуысæй – дзырдæуы культурæйы министрады информацийы.
Уымæй дарддæр ма, культурæйы министрады информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны территорийыл дзул мæнæуы равзæрды рагон центр бæлвырдгæнæг фæстаг зонадон иртасты фæстиуджыты презентаци националон музейы 1-æм майы, 14:00 сахатыл сырæздзæн.