Алюминий æмæ хор Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны уылты Сомихыстонмæ æрвыст æрцæудзæн 7 майы
Алюминий æмæ хор Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны уылты Сомихыстонмæ æрвыст æрцæудзæн 7 майы

Алюминий æмæ хор 7-æм майы æрвыст æрцæудзысты Сомихыстонмæ  транзитæй, Республикæ Азербайджаны æмæ Гуырдзыстоны территорийы уылты. Азербайджайнаг медийы информацийæ, Сомихыстонмæ алюминийы дыууæ  вагон æмæ 9 вагон  хоры  æрвыст æрцæудзæн.

Азербайджайнаг медиа афтæ дæр хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейæ Сомистонмæ Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны уылты ноджы иу парти бацыд.

Абон Биладзары станцæйæ Боюк Кесикмæ арвыстой цыппар вагоны 271 тоннæйы хъацæн æмæ 275 тоннæйы хоры уæзтимæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ абоны бонмæ Уæрæсейæ Сомихыстонмæ Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны уылты ласт æрцыд 25 мин тоннæйæ фылдæр хор, 3 мин тоннæйæ фылдæр хъацæн æмæ 68 тоннæ хъæбæрхор.

Банысанкæнинаг у, цæмæй транзитимæ иумæ даргъ кæны нефты продуктты экспорт Азербайджанæй Сомихыстонмæ.

Абоны онг Азербайджанæй Сомихстонмæ æрвыст æрцыд 8500 тоннæйæ фылдæр дизелон æртаг, 979 тоннæ АИ-92 бензин æмæ 2955 тоннæ АИ-95 бензин.