АИШ-ы паддзахадон департамент- Намысджын  паддзахадтæ ма хъуамæ бафидауой Уæрæсейы  æрдгæй  сабырадон сыхæгты ныхмæ  тыхæй  спайдайы фактимæ
АИШ-ы паддзахадон департамент- Намысджын паддзахадтæ ма хъуамæ бафидауой Уæрæсейы æрдгæй сабырадон сыхæгты ныхмæ тыхæй спайдайы фактимæ

АИШ-ы  паддзахадон департамент  Уæрæсейы  æрдгæй  ХЪырмы æнæзакъонон   агексийæ  фондз азы сæрмæ  гæсгæ,   фидиуæн  хæлиу кæны, кæцыйы мидæг    банысан кодта, цæмæй  Уæрæсейы  æрдгæй  йæ  сыхагы   ныхмæ  тыхæй  спайда кæныны фактимæ,   намысджын  бæстæтæ  ма хъуамæ  бафидауой.

«Фондз азы размæ,   Уæрæсейы  æрдгæй  Хъырымы æрдæгсакъадахы  оккупаци   расайдта   Уæрæсейы  агрессийы  эскалаци. Уæрæсе  бахъавыд    æхсæнадæмон  сæрфад  басæттын,  адæймаджы бартæ бафхæрын æмæ  фæкъаддæр кодта  нæ иумæйаг   æдасдзинад.  Дуне   нæ  ферох  кодта   циникъон   гæдыныхас, кæцыйæ Уæрæсе  пайда кодта   агресси сраст  кæнын  æмæ Украинæйы территорийы  анексийы  архайд бамбæхсынæн.  Намысджын паддзахадтæ   ма хъуамæ бафидауой Уæрæсейы æрдгæй   сабырадон сыхæгты  ныхмæ тыхæй  спайдайы фактимæ.  АИШ-æ  бæлвырд кæны  йæ  хъæддых  позици: Хъырым у Украинæ  æмæ хъуамæ  æрыздæха  Украинæйы  кантролы дæлбар»- дзырдæуы  паддзахадон  департаменты  фидиуæны,   кæцы публикацигонд æрцыд Майк Помпеойы  номæй.

Паддзахадон департаменты  фидиуæны  куы у банысангонд афтæмæй,   АИШ-æ  йæ  тыхы ныууадздзæн  Уæрæсейы  ныхмæ   уагæвæрд санкцитæ, ХЪырымы, Украинæйы  кантролы дæлбар æрыздæхыны онг, æмæ  Уæрæсейы æрдгæй Минскъы  бадзырды  кронмæ  сæххæст кæныны онг.

АИШ-æ  бæлвырд кæны  йæ  æнæфæцудгæ  æнцойад  Украинæйы   суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, æхсæнадæмонæй банымад  арæнты,  сæ нымæцы  йæ территорион дæтты.