АИШ-ы  паддзахадон департамент - АИШ цæттæ у æххуыс кæна демократон, æдас æмæ æнтыстджын  Гуырдзыстонæн
АИШ-ы паддзахадон департамент - АИШ цæттæ у æххуыс кæна демократон, æдас æмæ æнтыстджын Гуырдзыстонæн

АИШ-ы  паддзахадон департамент «Националон Змæлды»  сæрдар Ника Мелиайы æрцахсты æмæ  Гуырдзыстоны цæугæ  политикон  процессты кой  кæны.

Фидиуæны  куыд дзырдæуы  афтæмæй,  АИШ-æ  цæттæ  у æххуыс кæна демократон, æдас æмæ æнтыстджын Гуырдзыстонæн.

«АИШ-ы  тынг сагъæс кæнынц  оппозицийы лидер Ника Мелиайы   æмæ  Гуырдзыстоны оппозицийы æндæр уæнгты  æрцахстæй.

Поляризацигæнæг риторикæ, тыхæй  архайын æмæ агресси, Гуырдзыстоны,  политикон æнæразыдзинады  аскуыддзагæн  нæ бæззынц.

Сидæм алы фарсмæ, сæхиуыл хæцæт ахæм архæйдтæй,  кæцытæ гæнæн ис  ныттынгонд уавæр  фæкарз кæной  æмæ баиу уæт  цæсгомджын бадзырдтæм, цæмæй  алыг кæнæт  политикон  кризис.

АИШ цæттæ у æххуыс кæна демократон, æдас æмæ æнтыстджын  Гуырдзыстонæн» –  дзырдæуы  фидиуæны.