Мэтью Миллер -  АИШ фауы Кремлæй рацæугæ  «фæсарæйнаг æндæвдады» закъондæттынад, ацы закъон æмæ  «Картули Оцнебайы» антиныгылæйнаг риторикæ  Гуырдзыстоны слæууын кодта  тæссаг æрдæмадыл
Мэтью Миллер - АИШ фауы Кремлæй рацæугæ «фæсарæйнаг æндæвдады» закъондæттынад, ацы закъон æмæ «Картули Оцнебайы» антиныгылæйнаг риторикæ Гуырдзыстоны слæууын кодта тæссаг æрдæмадыл

АИШ- фауы  Кремлæй рацæугæ  «Фæсарæйнаг æндæвдады « закъондæттынад, кæцы  Гуырдзыстоны парламенты райстой æмæ уыцы  мæнг  наративы, кæцыйæ  йæ бахъахъхъæнынæн  пайда кæнынц –  уыйфæдыл  дзырдæуы АИШ-ы паддзахадон  департаменты спикеры, Метью Миллеры  фидиуæны, кæцы паддахадон  департаменты веб-фарсыл  уыд публикацигонд.

«Хицаугæнæг партийы уæнгтæ æргомæй райхъусын кодтой, цæмæй  ацы закъоны нысан у  критикон  хъæлæс  бамынæг кæнын æмæ Гуырдзыстоны  активон   æмбæстагон дзыллæ  скуынæг, кæцы  цыфæнды  демократон  бæстæйы  ис хицауады критиконæй  сбæрæг кæнынæн. Ацы закъон æмæ «Картули Оцнебайы»антиныгуылæйнаг риторикæ  Гуырдзыстоны  тæссаг æрдæмадыл  слæууын кодта. Гуырдзыстоны  хицауады фидиуæнтæ æмæ  арæйдтытæ  иумæнæбадгæ сты  деократон  хæзнатимæ, кæцытæ бындурæй  сты  Евроцæдисы æмæ НАТО-ы уæнгдзинадæн,  æмæ уымæй  азар æвзæрын кæны  Гуырдзыстоны фæндагæн  евро-атлантикон  интеграцимæ.

Фидиуæнтæ æнæраст æвдисынц æддæйææххуыс Гуырдзыстоны, кæцыйы  мах дæттам  32  азы  дæргъы,  цæмæй  стынг кодтаиккой экономикæ, демократи æмæ Уæрæсейы  агрессийæ хибаиргъæвыны хъомад.  Уый фундаментонæй хахх кæны  уыцы  тыхджын  ахастытæ, кæцыты  мах сфидар кодтам  хицауадимæ æмæ  гуырдзиаг адæмимæ» – хъусын кæны Миллер.

Паддзахаон департаменты  минæвар хъусын кæны, цæмæй  йæ фарс хæцы  гуырдзиаг адæмæн æмæ дзуры, цæмæй  тыхæй спайда  сабырадон æмбырды æмæ дырды сæрибар схафынæн  – нæрайсгæ  у.

«Мах лæууæм гуырдзиаг адæмы æмæ сæ барты  фарсмæ,ома  сæ хъæлæс  фехъусой.  Фауæм  тыхæй  спайда  сабырадон  протесты ныхмæ,  уый нымæцы  журналистты ныхмæ, кæцытæ  рухс кæнынц акцийы.  Тыхæй  спайда  сабыр æмбырды  æмæ дзырды сæрибардзинад  схафынæн   нæрайсгæ  у æмæ  мах сидæм   хицауажмæ,  цæмæй бауадза  æнæтыхмигæнæгон  акцийы адарддæр, цæмæй  акцийы  хайадисджытæ адарддæр кæной   сæ дзырды сæрибардзнады барæй  пайда кæнын» – фыст ис  фидиуæны.