АИШ-ы паддзахадон департамент – курæг стæм оппозицийæ,  бацæуæд парламентмæ,  бойкоты æркуырд у раздæр фенгæ фильмау
АИШ-ы паддзахадон департамент – курæг стæм оппозицийæ, бацæуæд парламентмæ, бойкоты æркуырд у раздæр фенгæ фильмау

Курæг стæм оппозицийæ,  бацæуæд парламентмæ,  ауадзæт  уыцы æвзарæнон   ивддзинæдтæ,  кæцы  ифтонг кæндзæн  уый цæмæй   æвзæрстыты фæстиуджытæ уа хуыздæр,  нæдæр мах æмæ нæдæр сæхæдæг, нал  фендзыстæм ацы æвзæрстытыл цы  халындзинæдтæ уыд уыдон–банысан ис Тбилисы, АИШ-ы  паддзахадон  департаменты  минæвæртты брифингыл, кæцыйыл департаменты  официалон уæнгтæ, Гуырдзыстоны ацæугæ æвзæрстыты фæдыл  ныхас  кодтой.

«Уыдон та  фæстæмæ бойкот куы курынц  уымæ кæсын у,  раздæр цы фильм федтам  уый æнгæс.  Курæг стæм оппозицийæ,  бацæуæд парламентмæ,  ауадзæт  уыцы æвзарæнон ивддзинæдтæ,  кæцы ифтонг кæндзæн уый цæмæй æвзæрстыты фæстиуджытæ уа хуыздæр,  нæдæр мах æмæ нæдæр сæхæдæг, нал  фендзыстæм ацы æвзæрстытыл цы  халындзинæдтæ уыд уыдон. Айимæ сты разы Америкæйы  æмæ  Евроцæдисы  минæвæрттæ –  æрыздахой сæ  бадзырдты  фынгмæ,  махæн нæ фæлæ  сæхицæн амал ссарынæн, сахуыр уæт куыд бакусой иумæ, уымæн æмæ сæ парламенты иумæ кусын бахъæудзæн,   ныффыссæт программæ, парламенты бонвæтк,  кæцы  æххæсдзæн   нысаниуæгджын æвзарæнон   ивддзинæдтæм æмæ  централон æвзарæнон комиссийы  нысаниуæгджын реформæмæ.  Стæй та   ног æвзæрстытæ  ауадзыны цауы,   уын уыдзæн  бирæ  æууæнкагдæр   фæидиуæг,  кæцымæ æууæнк  уыдзæн алкæмæ  æмæ ахæм фарстæтæ  нал сæвзæрдзысты» – загъдæуыд брифнгыл, кæцыйы фæдыл æрмæг  АИШ-ы паддзахадон департаменты  веб-фарсыл  æрцыд æвæрд.

Паддзахадон департаменты  минæвары дзырдæй,   зæгъгæ АИШ-ы   паддзахадон нымæрдар   растдæр уый  тыххæй æмбæлы  æмбæстагон дзыллæйы  минæвæрттимæ,  тæрхонон реформæйы  фарстатыл, цæмæй  тæрхондон   ахсджиаг  бынат ахсы  æвзарæнон даутæ  аскуыддзагы хъуыддаджы.

«Растдæр уый  тыххæй æмбæлы  паддзахадон нымæрдар   æмбæстагон дзыллæйы минæвæрттимæ   тæрхонон  реформæты фæдыл,  уымæн æмæ  фундаментонæй,   зæгъгæ  куы  уыдаит  æцæгæй дæр  хæдбар  расттæрхоны системæ,  æвзарæнон хъастытæ,  кæцыты оппозици бахаста, аскуыддзаг уыдаиккой  тæрхондоны æмæ адæммæ дæр фæстиуджытыл æууæнк уыдаит. Ныр та  уыдон сидынц  ЦÆК-мæ  æмæ уый фæстæ  иуæй-иу  хъаст гæнæн ис  æрвыст æрцæуа  тæрхондонмæ,  бирæтæ дзы   тæрхондоны  кастæуынц  ацытæккæ. Фæлæ   уый тыххæй  цæмæй,   оппозицийы  хай  ацы процессыл не  ууæнды,   уыдзæн уый  Цæк-ы æви тæрхондоны, уыдон   къуымауы сты» – райхъусын кодта  паддзахадон департаменты  минæвар.