АИШ-ы  паддзахадон департамент  публикаци скодта адæймаджы барты фæдыл  хыгъдлæвæрд, кæцыйы   дзырдæуы Гуырдзыстоны тыххæй дæр
АИШ-ы паддзахадон департамент публикаци скодта адæймаджы барты фæдыл хыгъдлæвæрд, кæцыйы дзырдæуы Гуырдзыстоны тыххæй дæр

АИШ-ы паддзахадон департамент  Дунейы адæймадж барты  уавæры фæдыл  æрвылазон хыгъдлæвæрд   публикаци скодта.   Хыгъдлæвæрды  2022  азы фæдыл дзырдæуы   æмæ уый  паддзахадон нымæрдар  Энтони Блинкен  бавдыста.   Документ дунейы  198 бæстæйы  æмæ территорийыл  адæймаджы  барты æрдгæй  уæвæг   уавæры фæлгæсы, сæ нымæцы ис Гуырдзыстон дæр.

Документмæ гæсгæйæ,   хицауад  мадзæлттæ  скодта  адæймаджы  барты  халыны  тыххæй   иуæй-иу  бæрзонд гæсы ныхмæ фæдагуырд ауадзынæн, фæлæ   æнæфхæрд  баззад  проблемæйæ.

Документмæ гæсгæйæ,   хицауады  æнæнтыст,  уырнинаг  фæдагуырд ауагътаит  æмæ  тæрхомæ раттаит  2021 азы   июлы  прайды маршы  размæ тыхмидзинады  организаторты, ацы барадсастыты   æнæфхæрд расайдта.  Документы банысангонд у, цæмæй   бæрнондзинады хъуаг афтæ аддарддæри 2019  азы  июны демонстрациты рæстæджы  журналистты æмæ   митинггæнджыты  ныхмæ  пъæлицæйы æрдæгй  æнæмбæлгæ   тыхæй спайдайы  æмæ   2017  азы  Азербайджайнаг   журналисты æмæ активисты  Афган Мухтарлыйы  бæстæйæ  аскъæфыны  æмæ  алæвæрды  хуъыддæгтыл.

Хыгъдлæвæрды афтæдæр дзырдæуы   оккупацигонд регионты уæвæг уавæрыл. Документмæ гæсгæйæ,   Уæрæсейы  æрдгæй оккупацион регионтæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон  уыдысты  централон   хицауады  контролы æддæйæ  æмæ де-факто  хицæуæдтæн   йæ  фарс хæцыдысты Уæрæсейы  тыхтæ.  2008 азæй  хæстон  архæйдтыты  баурæд  йæ  тыхы  уыдис, фæлæ  уырыссаг арæнхъахъхъæнджытæ  сæмбонд кодтой   бынæтон   цæрджыты  змæлды бар.

«Адæймаджы барты  нысаниуæгджын фарстатæ  ацы регионты  æххæссыдысты  æууæнкджын   хъусинæгтæм  æнæзакъонон æрцахстыты фæдыл;  змæлды  сæмбонд кæныны,  сæрмагондæй   этникон гуырдзиæгтæн   сæрмæмулкы  бары  кæнæ  бизнесы  регистрацийы, афтæма  сæ мадæлон æвзагыл  ахуырад  сæмбонд кæныны фæдыл. Нæкæсгæ уымæ,ц æмæй Хуссар Ирыстоны  адæймаджы  барты æмæ гуманитарон  уавæры  æрдгæй  тынг цъус  официалон информаци ис,  де-факто хицауад  нæзагъд  кодта  2008 азы  конфликты  фæстиуæгæн  феддæдуаргонд  этникон гуырдзиæгты фылдæрæн   сæ  хæдзæрттæм æрыхдахыныл.   Де-факто  хицауад   æхсæнадæмон   организациты  фыодæрæн гуманитаронæй баххуыс кæнынæн  Хуссар ирыстонмæ  регуляронæй  цыды бар  нæ ратта.  Уæрæсейы æрдгæй  администрацион арæйнон хаххыты «бордеризаци» адарддæр ис, кæцы  ноджы  фылдæр  сæмбонд кодта   змæлды бар æмæ бынæттон   цæрджыты сæ   цæрæн рæттæй мæ æ цæрынæн хъæугæ  фадæттæй   фæхицæн кодта.  Уæрæсе  æмæ де-факто  хицауад дыууæдæр регионы  ракодтой бирæ  хæлдтытæ, кæцы æнæфхæрд баззад» – банысангонд у   паддзахадон департаменты хыгъдлæвæрды.

Документы  дзырд ис Михеил Саакашвилийы  фарстайы фæдыл дæр.  Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,   ивгъуыд азы  дæргъы  адæмон барты хъахъхъæнæг æнæиухатт   æрсидтис хицауадмæ,   сифтонг кодтаит  æрцахстуæвæг  раздæры президенты Михеил Саакашвилийы  афойнадон   æмæ æмбæлгæ медицинон  хоскæнын  æмæ адæмон барты хъахъхъæнæджы  æнæиу фидиуæны  у банысангонд, ома Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады  уавæр  виппайды  фæфыддæрдæри.