АИШ-ы паддзахадон департамент – Уæрæсе Гуырдзыстоны территорийы оккупаци хъуамæ ныууадза  æмæ ракæна йæ тыхтæ  уырдгæй
АИШ-ы паддзахадон департамент – Уæрæсе Гуырдзыстоны территорийы оккупаци хъуамæ ныууадза æмæ ракæна йæ тыхтæ уырдгæй

Уæрæсе хъуамæ  ракæна йæ тыхтæ æмæ  баурома Гуырдзыстоны территорийы  оккупаци, – уый фæдыл  АИШ-ы  паддзахадон департаменты спикер,  Метью  Миллер   лæвæрд брифингыл   райхъусын кодта.  Журналисты  фарстыл, цы аразы АИШ, цæмæй ацы æрдгæй   гуырдзиаг адæмæн баххуыс уа,  Миллер сдзуапп кодта,   цæмæй  Америкæ дарддæр кæны   æргомæй  æвдисын  уыцы  политикæйæн фарсдарын, кæцы  йæ  хъуыдыйы  дары   уырыссаг тыхты   Гуырдзыстоны территорийæ  ракæнын.

«Æз хуымæтæджы  загъин   Уæрæсейыл бæрн сæвæрыны  тыххæй, кæд уыцы санкцитæм æркæсдзыстæм, кæцыты  мах Уæрæсейæн   сфидар кодтам Украинайы   хæсты  райдаыны фæстæ æмæ  о,  уый у   Украинамæ  лæбурды дзуаппæн, уый фæкаддæр кодта  Уæрæсейы  æфсæддон фадæттæ.  Уый  зиан æрхаста   Уæрæсейы экономикæйæн. Афтæмæй   хуъыды кæнын, цæмæй   Уæрæсейыл   бæрн сæвæрыны фæдыл, нын ис  тынг  фидар позици», – банысан кодта  паддзахадон департаменты  спикер.

Уыимæ, журналист, Метью Миллеры  бафарста, зæгъгæ, хъуыды кæны æви  нæ, цæмæй Зеленскийы  «Сабырдзинады  формулæ»   Гуырдзыстонæн дæр рабæззыдаит, цæуылдæр спикер сдзуапп  кодта, цæмæй йæ нæ фæнды дыууæ  хъауджы  ситуацийы  уæвæг бæстæты  кæрæдзиимæ сбарын.