Æввахс бонты дæргъы  Гуырдзыстоны  фæуазал уыдзæн æмæ æнхъæлмæксинаг у  митуард
Æввахс бонты дæргъы Гуырдзыстоны фæуазал уыдзæн æмæ æнхъæлмæксинаг у митуард

Æрдзы националон  агентады   информацийæ, 13  февралæй  18  февралы онг   Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у  Скандинавийы  циклонимæ баст  уазал æмæ уымæл  уæлдæфы массæты ахæлиу, дæлдзыртæттæ  фылдæр  миты  хуызæй,   ныгуылæны æрдæм фидар дымгæ, денджызыл та  4-5  баллы  тыхы  шторм.

Афтæма сæ информацийæ,  хохджын æмæ уæлхох  регионты гæнæн ис фидар митуард,  тымыгъ,  мигъ,  автомобилон  фæндæгтыл  кæлæх æмæ зæйы  тас.

Æрдзы националон агентады   æмбарын кæнынц, цæмæй  автомобилон фæндæгты   хицæн   фадгуытыл гæнæн ис, арæнгонд  уа   транспорты  змæлд.

Агентады хъусинагæй,  14-16  февралы  ныгуылæн Гуырдзыстоны  ныллæг    районты  уæлдæфы  температурæйы -3,-5  градусы онг хауд, гæнæн ис  цитрусты мыггаджы  культурæты (сæрмагондæй та лимоны)   базиан  кæна.