Æрдзы  националон  агентад – Гуырдзыстоны 26  июлы онг  рæстæгæй-рæстæгмæ  уардзæн кæъвда хурыскæсæн Гуырдзыстоны  ранæй-рæтты  гæнæн ис  ихуарын
Æрдзы националон агентад – Гуырдзыстоны 26 июлы онг рæстæгæй-рæстæгмæ уардзæн кæъвда хурыскæсæн Гуырдзыстоны ранæй-рæтты гæнæн ис ихуарын

26 июлы онг Гуырдзыстоны   рæстæгæй-рæстæгмæ  уардзæн кæъвда арвнæрдимæ,  хурыскæсæн Гуырдзыстоны  ранæй-рæтты  гæнæн ис  ихуарын, – уый фæдыл информаци хъусын кæны   æрдзы националон агентад.

«26-27 июлы  хурныгуылæн Гуырдзыстоны  хурджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг, уæлдæфы  температурæ  та  27 июлы   гæнæн ис  +37, +39  градусмæ ахæццæ уа.  28 июлы  та  фæстæмæ рауардзæн къæвда æмæ  уазалгомау температурæ æрлæудзæн.   Хурыскæсæн Гуырдзыстоны 29 июлмæ ранæй-рæтты уардзæн.  Уæлдæфы температурæ  +30, +35  градус уыдзæн.

Тбилисы  25-26 июлы æнхъæлмæкæсинаг  у   цыбырæмгъуыдмæ  кæъвда арвнæрдимæ. Уæлдæфы температурæ боны  сахатты  +33, +35 градус  уыдзæн. 28 июлы та   тæвд æмæ  дымгæджын  боныгъæд уыдзæн», –  банысангонд у  æрдзы националон  агентады  информацийы.