Æрдзы националон агентад – æнхъæлмæкæсинаг у фидар митуард, миты зæйтæ, мигъ æмæ тымыгъ
Æрдзы националон агентад – æнхъæлмæкæсинаг у фидар митуард, миты зæйтæ, мигъ æмæ тымыгъ

Æрдзы националон агентад  фæдзæхсы цæрджыты æнхъæлмæ кæсинаг  боныгъæды тыххæй.

«11 декабры  æхсæвæй  12  декабры  изæрмæ хурыскæсæн Гуырдзыстоны цæгат рæтты, уæлхох районты, ранæй-рæтты  æнхъæлмæ кæсинаг у  тыхджын митуард, гæнæн ис  зæйты рацыд,  мигъ æмæ тымыгъ.

Автомобилон фæндæгты хицæн  фадгуытыл, гæнæн ис,  арæнгонд æрцæуа  транспорты змæлд» – банысангонд у æрдзы националон агентады информацийы.