Æппæтдунеон масштабæй, ног коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц 700 минæй ахызт
Æппæтдунеон масштабæй ныр коронавирусæй фæрынчынуæвджыы нымæц ахызт 700 минæй. Уый фæдыл информаци бæрæг ссис Джонс Хопкинсы университеты ранывæзтмæ гæсгæ.
Ацы рæстæгмæ уæвæг информацийæ, глобалонæй ног типы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц у 710 290 адæймаг.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци, короонавирусы пандемийы тыххæй фехъусын кодта 11 марты. Ныр вирус 177 бæстæйы æмæ территорийыл апарахат ис.
Уымæй уæлдай ма, æппæтдунейон масштабæй, вирусæй фæмард 33 550 адæймаг. Фæнысангонд инфекцийæ чи сдзæбæх, уыдоны нымæц та, ацы рæстæгмæ у 150 734 адæймаг.