Æнæнхъæлæджы уавæрты уагдоны куыстуат балхæдта 31 ног Iveco Magirus зынгхуыссынгæнæн хæдтулгæ
Мидхъуыддæгты министрады уæлвæткон уавæрты уагдоны куыст сног кодта йæ зынгхуыссынгæнæн æмæ ирвæзынгæнæн хæдтулгæты парк æмæ балхæдта нырыккон европæйаг стандартты 31 ног зынгхуыссынгæнæн хæдтулгæ Iveco Magirus. Ай фæдыл информаци мидхъуыддæгты министрад парахат кæны.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, уæлвæткон уавæрты управленийы куысты къухдариуæггæнæг, Темур Мгъебришвили ног зынгхуыссынгæнæн хæдтулгæты басгæрста æмæ йæхæдæг базонгæ ис сæ функционалон æмæ техникон характеристикæтимæ.
“Хæдтулгæтæ сæрмагондæй арæзт æрцыдысты Гуырдзыстонæн æмæ нысангонд сты хъæды зынгсирвæзтыты ныхмæ тох кæнынæн, афтæ ма горæтты зынгсирвæзтытæн. Ног, æппæтвæрсыг зынгсирвæзты хæдтулгæтæ дихгонд æрцæудзысты бæстæйы масштабæй, алы регионты. Мидхъуыддæгты министрады уæлвæткон уавæрты уагдоны куыст активонæй дарддæр кæны зынгсирвæзты æмæ ирвæзынгæнæн хæдтулгæты ног кæныныл”, – дзырдæуы МХъМ-ыйы хъусинаджы.