Æхсæнадæмон Валютон Фонд хъусын кæны, цæмæй пандемийы аххосæй æгуыстæй баззайджытæн Гуырдзыстоны хицауад æхсæз мæйы дæргъы æхцайæ компенсаци фиддзæн
Æхсæнадæмон Валютон Фонды информацийæ, Гуырдзыстоны хицауад æхсæз мæйы дæргъы, æрвылмæййонæй 150 ларийы бæрц æгуыстдзинады субсидийæ ситфонг кæндзæн уыцы гоймæгты, чидæриддæр сæ куыстбынæттæ фесæфтой фæстаг рæстæджы айтынггонд фæзындты тыххæй. Фæнысангонд субсиди лæвæрд цæудзæн уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ фыстой æфтиагы хъалон æмæ йæ фæрудæтой, компанитæ кæй сыхгæдтой уый тыххæй. Субсидитæ афтæдæррайсдзысты уыцы компанитæ, кæцытæ сæ кусджыты не суæгъд кодтой куыстæй. Уый фæдыл дзырдæуы Æхсæнадæмон Валютон Фонды публикацигонд хыгъдлæвæрды, кæцыйы мидæг бахыгъд кодтой дунейы бæстæты хицауадтæ, коронавирусы пандемийы экономикон æндæвдад фæкъаддæр кæнынæн цы мадзæлттæ райстой уый.
Хицауад афтæдæр фиддзæн субсиди фараст сæйраг продукцийы импортæн, сæ нымæцы ссады, пырындз, æхсыры рыгой, зети æмæ фæстауæрц скæндзæн ацы продуктты 50 милуан ларийы аргъы.
Æгуыстæй баззайæг æмбæстæгтæн, компенсацийы фарстайы фæдыл куырдиат хицауады сом сараздзысты.