Метью Миллер – Тынг мæсты стæм уыцы архæйдтыты тыххæй, кæцытæ  цæуынц,  закъонопроекты чи протест кæны уыдоны ныхмæ
Метью Миллер – Тынг мæсты стæм уыцы архæйдтыты тыххæй, кæцытæ цæуынц, закъонопроекты чи протест кæны уыдоны ныхмæ

Тынг  мæсты стæм   уыцы  архæйдтыты тыххæй, кæцы цæуы уыдоны ныхмæ  чидæриддæр протест кæнынц ацы закъонопроект – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон  департаменты пресспикер, Метью Миллер журналисты фарсты дзуаппæн загъта.

Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ  цæмæй  АИШ æмкуыст кæна Гуырдзыстонимæ, Гуырдзыстоны хицауад хъуамæ фæива йæ къурс.

«Ис нæм информаци æмбæстагон дзыллæйы, оппозицийы  активистты æмæ журналистты  ныхмæ  райрæзгæ  физикъон  бафхæрды æмæ ныссæсты фæдыл. Уый мах фауæм æмæ дзы  курæм хæдбар  афоныл фæдагуырдмæ.   Стыр цинæй æмкуыст кæнæм Гуырдзыстонимæ  æнтыстджын партнерады фæлгæтты  30 азæй фылдæр рæстæджы дæргъы.  Фæнды нæ,  адарддæр кæнæм кусын Гуырдзыстонимæ.   Нырма  ис  рæстæг Гуырдзыстонимæ æмгуыстадн, фæлæ Гуырдзыстоны хицауад хъуамæ фæива  къурс» – райхъусын кодта Метью Миллер.

Журналист Алекс Рауфогълу Миллеры бафарста: –  «Гуырдзыстоны хицауады минæвæрттæ ацы бæстыхайæ цæугæ  алы  фæдзæхст ницæмæ дарынц» æмæ куыд æнхъæлут не æрлæууыд   архайыны рæстæг, цæуылдæр Миллер сдузапп кодта:

«Æз кæддæриддæр аргъ кæнын  политикæйы варианттæн, кæцыты æнхъарæм ацы брифнгыл, фæлæ  мах дырыс загхтам, цы у нæ политикæ æмæ адарддæр кæндзыстæм уый дурын.  Ацы моменты рагафон  нæ дзурын исты архæйдтытыл, кæцытæ  гæнæн ис  сыххæст кæнæм».