Æхсæнадæмон  Валютон Фонд хъусын кæны, цæмæй  пандемийы аххосæй  æгуыстæй  баззайджытæн Гуырдзыстоны  хицауад  æхсæз мæйы дæргъы  æхцайæ  компенсаци фиддзæн
Æхсæнадæмон Валютон Фонд хъусын кæны, цæмæй пандемийы аххосæй æгуыстæй баззайджытæн Гуырдзыстоны хицауад æхсæз мæйы дæргъы æхцайæ компенсаци фиддзæн

Æхсæнадæмон  Валютон Фонды  информацийæ,   Гуырдзыстоны  хицауад   æхсæз мæйы  дæргъы, æрвылмæййонæй   150 ларийы бæрц æгуыстдзинады   субсидийæ  ситфонг кæндзæн уыцы  гоймæгты,  чидæриддæр сæ куыстбынæттæ фесæфтой  фæстаг рæстæджы айтынггонд фæзындты   тыххæй.   Фæнысангонд  субсиди  лæвæрд цæудзæн уыцы  æмбæстæгтæн,  кæцытæ  фыстой   æфтиагы  хъалон  æмæ йæ  фæрудæтой, компанитæ  кæй  сыхгæдтой  уый тыххæй.  Субсидитæ афтæдæррайсдзысты  уыцы   компанитæ,   кæцытæ  сæ  кусджыты  не суæгъд кодтой куыстæй.  Уый фæдыл   дзырдæуы   Æхсæнадæмон Валютон Фонды   публикацигонд хыгъдлæвæрды, кæцыйы мидæг бахыгъд кодтой  дунейы бæстæты  хицауадтæ,  коронавирусы  пандемийы  экономикон æндæвдад фæкъаддæр кæнынæн цы мадзæлттæ райстой  уый.

Хицауад  афтæдæр  фиддзæн субсиди  фараст  сæйраг   продукцийы  импортæн, сæ нымæцы  ссады, пырындз, æхсыры рыгой, зети æмæ  фæстауæрц  скæндзæн ацы продуктты  50 милуан  ларийы  аргъы.

Æгуыстæй  баззайæг  æмбæстæгтæн, компенсацийы  фарстайы фæдыл  куырдиат  хицауады сом  сараздзысты.