Гуырдзыстоны хицауад Украинæмæ генератортæ æрвиты

12:08, 31.10.2025

Гуырдзыстоны хицауад Украинæмæ генератортæ æрвитдзæн. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады администраци рапарахат кодта.

Сæ ныхасмæ гæсгæ, уынаффæ, кæцыйыл премьер-министр Ираклий Къобахидзе йæ къух æрфысдзæн, хицауад абоны рабадтыл сбæлвырд кодта.

«Уагæвæрдмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны энергетикæйы размæцыды фонд Украинæмæ æрбаластæн æндæр æмæ æндæр хуызы генератортæ балхæндзæн 1 500 000 ларийы аргъæй» – ис фыст информацийы.

Хуыздæр