Германийы æддагполитикон уагдон – Гуырдзыстоны хицауады бæрн у, барæй ма фæкъуылымпы кæна бæстæйы фæндаг Европаг фидæнмæ
Гуырдзыстоны хицауады бæрн у, барæй ма фæкъуылымпы кæна бæстæйы фæндаг европаг фидæны æрдæм – уый фæдыл дзырдæуы Германийы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
«Гуырдзыстоны алы æхсæв мингай адæймаг дзырды сæрибары æмæ активон æмбæстагон дзыллæ бахъахъхъæнынæн протестон акци уадзынц. Евроцæдисы кандидаты статус у историон фадат. Гуырдзыстоны хицауады бæрн у, барæй ма фæкъуылымпы кæна бæстæйы фæндаг Европаг фидæны æрдæм» – банысангонд у уагдоны фидиуæны.
Thousands in #Georgia protest every night for free speech and a vibrant civil society. #EU candidate status represents a historical opportunity. The Georgian government has a responsibility not to willfully obstruct the country’s path to a European future.
— GermanForeignOffice (@GermanyDiplo) April 25, 2024