Адæмон барты хъахъхъæнæг хайад нæ райсдзæн парламенты Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттæм хъусыны
Адæмон барты хъахъхъæнæг парламенты Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттæм хъусыны хайад нæ исдзæн.
Омбудсмены аппараты ахæлиугонд фидиуæны дзырдæуы, цæмæй адæмон барты хъахъъхæнæг нæ разы кæны Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидатты хъусыны процессмæ баиу кæнын, цалынмæ ифтонгггонд нæ уыдзæн юстицийы бæрзонддæр советы фундаментон реформæ æмæ нæ фæуыдзæн тæрхонгæнджыты дзырддзæугæ корды тæрхонон системæйы иууæнгон хицауиуæг.
«Абон уæвæг уавæр домы юстицийы бæрзонддæр советы фундаментон, бындурон реформæ ауадзын, кæцыйы тыххæй дзырдæуы 2021 азы 19 апрелы Гуырдзыстоны стратегион партнерты бакуыст бадзырды – «Фидæнон фæндаг Гуырдзыстонæн». Фæнысангонд реформæ ауадзыны онг, Сæйраг Тæрхондон тæрхонгæнджыты сывзарын та уыдзæн дзырддзæугæ тæрхонгæнджыты корды стыхджын кæныны æрдæм къахдзæф, цæй тыххæй дæр адæмон барты хъахъхъæнæг нæзагъд кæны фæнысангонд процессы хайад райсын», – дзырдæуы фидиуæны.