Адæмон барты  хъахъхъæнæг – 7 марты изæры сахатты  МХМ-ы æрдгæй  рагфæдзæхстыл фидиуæны онг, акцийæн уыдис  сабырадон равг  æмæ  тыхæй спайдайы  бындур  нæ уыдис
Адæмон барты хъахъхъæнæг – 7 марты изæры сахатты МХМ-ы æрдгæй рагфæдзæхстыл фидиуæны онг, акцийæн уыдис сабырадон равг æмæ тыхæй спайдайы бындур нæ уыдис

Гуырдзыстоны  адæмон барты  хъахъхъæнæг  Леван Иоселиани  Руставелийы проспектыл  цæугæ  азы  7 -9 марты айтынггонд  фæзындты фæдыл брифинг   ауагъдта.

Адæмон барты  хъахъхъæнæгы аргълæвæрдæй, мидхъуыддæгты  министрады æрдгæй  7 марты  изæры сахатты,  рагфæдзæхсты фæдыл  куырдиæтты рæстæгмæ, акцийæн уыдис сабырадон  равг  æмæ нæ уыдис   йæ ныссæндыны  æмæ тыхæй  спайдайы бындур.

Акцийы  хайадисджыты æрдгæй  тыхмидзинады  цауты тыххæй  куы  зæгъæм,  адæмон хъахъхъæнæг нымайы, цæмæй се рдæм хъуамæ уадаит индивидуалон-æнæмæнгхъæугæ æмæ   пропорцион мадзæлттæ.

«Гуырдзыстоны адæмон барты  хъахъхъæнæг  хаххгондæй  нысан  кæны, цæмæй Гуырдзыстоны  конституцийæ бæрæг у  сабыр æмбырды сæрибардзинад. Уыимæ, фæнды мæ  банысан кæнын, цæмæй  хицæн уæнгты æмæ уæнгты чысыл къорды  дзырдæй, кæнæ физикон    агрессийы, кæнæ  тыхмидзинады  актты тыххæй нæй гæнæн аивын уыцы адæймæгты  æмбырды сæрибардзинад, кæцытæ  сабырадон акци дарддæр кнынц.  Адæмон хъахъхъæнæгы  аргълæвæрдæй,  Гуырдзыстоны мидхъуыдæгты министрады æрдгæй  2023  азы  7  марты  изæры  сахатты,  рагфæдзæхсты фæдыл  фидиуæн айзæлын кæныны рæстæгмæ,  акцийæн  уыд   сабырадон равг, нæ уыдис  йæ  банцайын кæныны æмæ йæ   ныхмæ  тыхæй спайдайы  бындур.  Акцийы  хайадисджыты æрдгæй  тыхмидзинады  цауты тыххæй куы зæгъæм уæд та,  се рдæм уагъд хъуамæ уыдаит  индивидуалон-æнæмæнгхъæугæ  æмæ пропорцион   мадзæлттæ.

Фæнысангонд ныхмæ,  барадхъахъхъæнджытæ  æмбырды хайадисджыты, сæ нымæцы   сабыр манифестантты ныхмæ  специалон  фæрæзтæй пайда кæнын райдыдтой,  кæцы йæ ныхмæ цæуы  бартæм  æнæмæнгхъæугæ  пропорцион  архайды стандартæн.  Парламенты фæстаг бацæуæны цур, æмбырды хайадисджыты хай, цы  тыхмигæнæгон  архайдтæ райдыдтой  уыдон фесты   барадхъахъхъæнджыты  æрдгæй  æнæхъæн æмбырды  ныхмæ  тыхæй  спайдайы  бындурæй,  æнæрæстаг   тыхæй спайдайæ   акци ныппырх кæнынæн  8 марты  дæр.  Æмбырды  хайадисджыты хай куы райдыдта  Гуырдзыстоны  парламенты бæстыхаймæ фæстаг бацæуæны цур  бæстыхай зиан кæнын,  æвгты  цъæл кæны, пъæлицæй æмбæлгæ реакци скодта, фæлæ фæнысангонд  тыхæй  спайда бынтон æнæлегитимонæй адарддæри   Гуырдзыстоны  парламенты бæстыхайы раз   лæууæг æмбырды сабыр  хайадисджыты  ныхмæ.  Æмбырдты  фæткдæттыны нысанæн, барадхъахъхъæнджыты  æрдгæй   уагъд мадзæлтты фæстиуæгæн   зиæнттæ райстой   бынатыл срухс кæнны  нысанæн уæвæг    медиайы   минæвæрттæ дæр, ахæлиу ис  информаци сæ куысты  фæкуылымпы кæныны фæдыл  дæр, акцийы  цыды рæстæджы, закъондæттынады  сæ сæрмагондæй  куы хъахъхъæны,  уæд. Иурæстæгонæй барадхъахъхъæнджытæ  активонæй  архайдтой  хайадисджыты  администрацион уагæй  массонæй ахсты  практикæйæ.  Ахæлиугонд  кадртæй  бæрæг у, цæмæй  хицæн цауты, ахæм  мадзал нæ  уыдис   барадсаст маруадзыны мадзалæй, уымæ гæсгæ  дæр   нæ уыд æмбæлон   æнæмæнгхъæугæ  домæнмæ æмæ  йын  уыдис бартæ  æнæбындур хифæкæныны  хуыз», –   загъта Леван Иоселиани.