Адæмон барты  хъахъхъæнæг 2008 азы августы  хæсты 15-æм  азысæрмæ гæсгæ  фидиуæн  публикаци кæны
Адæмон барты хъахъхъæнæг 2008 азы августы хæсты 15-æм азысæрмæ гæсгæ фидиуæн публикаци кæны

 

Адæмон барты  хъахъъхæнæг  Леван Иоселиани  2008 азы  августы  хæсты  15-æм   азысæрмæ гæсгæ   фидиуæн публикаци кæны.

Фидиуæны куыд  дзырдæуы  афтæмæй,  оккупацион режимы æрдгæй  дарддæр кæны гоймæгты æнæзакъонон   æрцахстыты практикæ, афтæма  æнæзакъонон бордеризацийæ  цы  хонынц  уый.

Омбудсмен   æрсидтис Гуырдзыстоны хицауадмæ, алы æхсæнадæмон  механизмы фæрцы  æмæ æхсæнадæмон æмгарады æмхайадæй, стынг  кæна   æлхъывд  оккупацион режимыл   оккупацигонд регионты цæрæг   адæймæгты барты бахъахъхъæнынæн.

«Уæрæсе-Гуырдызстоны 2008  азы  августы хæстæй 15 азы рацыд.  Гарзджын   конфликты   фæстиуджытæ абоны онг æвзарынц   оккупацигонд территоритыл баззайæг æмæ  дихгæнæг  хаххы   цур   цæрджытæ. 2008 азы  хæстон  архйдтыты фæстиуæгæн, 27 582 тыхбын бынативгæ  гоймаг у регистрацигонд.

2008 азы   Уæрæсе-Гуырдзыстоны  августы хæстон архæйдтыты  фæстиуæгæн  Гуырдзысотны æрдгæй   амард хъахъхъæнынады министрады  170  службæгæнæг, 14 пъæлицæйаг, 224 гражданон.  Цæфтæ/зиангонд æмбæстагон æмæ æфсæддон уæнгты  нымæц  2 232-ы бæрц у.

Оккуапцион режим абоны онг  дзуаппмæ нæ ратта  Гуырдзыстоны  цыппар æмбæстагы , – Давит Башарулийы, Гига Отхозориайы, Арчил Татунашвилийы  æмæ Ираклий Кварацхелиайы   марындзинады   аххосджын уæнгты.

Оккупацион режимы æрдгæй  дарддæр  кæны а.х.  арæнсæттыны  тыххæй  гоймæгты æнæзакъонон   æрцахстыты практикæ.  Официалон  бæрæггæнæнтæй, 2008 азæй  абоны онг оккупацион режим  а.х. арæныл æнæзакъононæй  ахизыны   тыххæй  æнæзакъононæй  æрцахста  3 439 адæймагы, уыдонæй 1935   – оккупацигонд Абхазы, æрмæст 1504-ы та  оккупацигонд  Цхинвалыæрдæгй.

Сæрмагонд хъус æрдарын хъæуы, а.х. арæнсæттыны тыххæй  фæстаг азты  дæргъы    фæарæхгонд  æнæзакъонон æрцахстытæ.  Абоны  уавæрæй, оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл æнæзакъонон  ахсты  сты  фараст æмбæстаг.

Гуырдзыстоны  адæмон барты хъахъхъæнæг  Гуырдзыстоны хицауадмæ, алы æхсæнадæмон  механизмы  фæрцы æмæ  æхсæнадæмон æмгарады æмхайадæй, стынг  кæна   æлхъывд  оккупацион режимыл   оккупацигонд регионты цæрæг   адæймæгты барты бахъахъхъæнынæн. Иурæстæгонæй та  тыхархайдыл ма фæцауæрда  аразгæйæ  хицæнгонд дзыллæты  æхсæн  диалог  ауæрæхдæр æмæ стынгдæр кæнынæн.

Оккупацигонд  территоритыл сыххæст адæймаджы  барты сæттыны тыххæй  бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы Федерацийыл, куыд  эффектджын  контрол  æххæстгæнæг паддзахадыл.  Уымæ гæсгæ  банысанкæнинаг у  адæймаджы барты Европаг Тæрхондоны  2021 азы  21  январы  хаст уынаффæ  хъуыддагыл, – Гуырдзыстон Уæрæсейы  ныхмæ II,  кæцыйæ тæрхондон оккупацигонд Цхинвалы  æмæ Абхазы  регионты  Уæрæсейы  æрдгæй  дæргъвæтин   эффектджын   контролы  сыххæсты  факт сбæрæг кодта. Афтæма 2023 азы 28 апрелы  уынаффæ, кæцыйæ  Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй, рæстаг  компенсацийы  хуызæй   стæрхон ис  Гуырдзстонæн  суммæ  бафидын», – дзырдæуы  фидиуæны.