Адæмон барты хъахъхъæнæгы аппарат -  конституцион тæрхондон,  спонтанон манифестацийы рæстæджы муниципалитеты æхæстгæнæг органæн 5 бон раздæр  фехъусын кæныны фæдыл  хæсист æнæконституционыл банымадта
Адæмон барты хъахъхъæнæгы аппарат - конституцион тæрхондон, спонтанон манифестацийы рæстæджы муниципалитеты æхæстгæнæг органæн 5 бон раздæр фехъусын кæныны фæдыл хæсист æнæконституционыл банымадта

Конституцион тæрхондон сразы ис  Гуырдзыстоны æдмон барты сæрылдзурæгы  конституцион хъастимæ æмæ спонтанон   æмбырды/манифестиацийы  рæстæджы муниципалитеты æххæстгæнæг органæн фондз бонæй раздæр  фехъусын кæныны фæдыл хæсист æнæконституционыл банымадта.  Уый фæдыл  адæмон барты хъахъхъæнæгы аппараты  ахæлиугонд  информацийы  дзырдæуы.

«Конституцион тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстоны  конституцийы 21-æм сæрæй  хъахъхъæд  æмбырды сæрибардзинад хъахъхъæны, куыд  рагафон организацигонд, афтæ спонтанон  æмырды æмæ манифестацийы  ауадзыны фадат, уыæн æмæ хицæн  цауты  æмббырды æмæ  манифестацийы  эффективондзинад растдæр  афойнадондзинадыл,  рæстæджы  æнæ фæстиатæй  хиаиуварс кæныы æмæ æхсæнады реакцийы  æнæагъæвгæйæ  равдисын домы,  уымæ æмбæлгæйæ дæр, спонтанон æмбырды  æмæ манифестацийы  ауадзыны бар, уый нымæцы  транспорты цæуæн ран  кæнæ транспорты  змæлд куылымпыйæ, хауы   æмбырды æмæ манифестацийы  сæрибардзинады хъахъхъæды  сферæмæ» –  дзырдæуы адæмон барты хъахъхъæнæджы  аппараты ахæлиугонд информацийы.