Адæмон барты хъахъхъæнæг сиды Национ Банкмæ, бакуса уынаффæ, кæцыйæ «Либерти банк» пенсионерты хæсты рефинансирдзинад æмæ фидинæгты зæронд графикмæ æрыздæхт сфитонг кæндзæн
Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъъхæнæг сиды Национ банкмæ, ома бакуса уагæвæрд, кæцымæ гæсгæйæ, «либерти Банк» сифтонг кæндзæн пенсионертæн хæсты рефинансирдзинад æмæ бафидыны раздæрон графикмæ æрыздæхт.
Адæмон барты хъахъхъæнæджы аппараты ахæлиугонд фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, ковидпандемийы периоды пенсионертæн хæстыл уæлбарджын периодæй пайда кæныны тыххæй, фæзынаргъдæр ис хæс æмæ сын адарддæрис хæсы контракты æмгъуыд.
«Гуырдзыстоны Национ Банкы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, коммерцион бакнты, микрофинансон организациты æмæ хæстæ дæттæг субъектты æрдгæй ног коронавирусæй расайгæ пандемийы тыххæй, а.х. уæлбарджын периоды активацийæ пайдагæнæг фæлхасгæнджытæн ис бар, æркурой æмгъуыдæргъæвдмæ уæвæг аууæлттæм, уый нымæцы фидинæгты раздæрон графикмæ æрыздæхын, цæй тыххæй дæр хъуамæ бамбæрза уæлбарджын мæйтæм æмбæлгæ фидинæгтæ. Фæнысангонд барæй спайда кнынæн, фæлхасгæнæг хъуамæ баздæха æмбæлгæ лæггадгæнæг коммеерцион банкмæ, микрофинансорн организацимæ æмæ кредит дæттæг субъектмæ.
Банысанкæнинаг у уый, цæмæй карджынты хайæн гæнæн ис рæувадат ма уа информаци, кæцыйы тыххæй сын не нтысы «Либерти Банкмæ» куырдиат бахæссын. Раздæрон графикмæ æрыздæхын æмæ хæсы рефинансирдзинады æркуырд бахæссын хъæуы æмбæлгæ зонындзинад æм арæх, пенсионертæ ацы фарстайы дзæбæх не мбарынц. Уыцы пенсионертæн, кæцы æмбæлгæ гоймагы/организацийы æххуысæй баздæхтысты банкмæ æмæ æркуырдтой хæсы бафидыны ног график бакусын, нысаниуæгджынæй фæкъаддæр ис сæ кредиты æмгъуыд æмæ суммæ»,- дзырдæуы фидиуæны.
Адæмон барты хъахъхъæнæгы фидиуæнæй, нысаниуæгджын расидт у «Либерти Банкы» æрдгæй пенсонертæн банхъаргæ овердрафтты хæстæ. 2023 азæй хæсы афæдзон процентон хайы уæллаг арæн сбæрæг ис, фæлæ 2023 азы онг фæнысангонд процент пенсионертæн æнæмбæлгæйæ бæрзонд уыдис. Уый тыххæй дæр ног регуляци скусын кæныны онг цы хæс систой уыдоны ногæй бахыгъд кæнын ног аууæлттæй æмæ ног ныллæг проценттæй, æрмæстдæр пенсионерты куырдиаты бындурыл æмæ ацы цауы дæр лæууы æнæмбæрц информирдзинады проблемæ.
«Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъхъæнæг банхъарыд Гуырдзыстоны Национ Банкмæ æмæ пенсионерты хæсты реструктуризацийы нысанæн, уæлбарджын периодæй пайдагæнæг зианбавзарæг фæлхасгæнджыты бартæ бахъахъхъæныны нысанæн æмбæлгæ уагæвæрды/барамынды бакусын æркуырдта, кæцыйы фæрцы Акцион Æхсæнад «Либерти банк», бенефициар пенсионерты æхца хсæты рефинансирдзинад/реструктуризаци скæндзæн æмæ гæнæн бауыдзæн пенсионертæн æмгъуыдæргъæвды размæ архайæг аууæлттæм æмæ фидиæнгты зæронд графикмæ æрыздахын. Афтæма адæмон барты хъахъхъæнæг æркуырдта- пенсионерты офердрафтты бадзырдты 2023 азæй архайæг ног ныллæг процентæй автоматонæй ногæй бахыгъд кæныны нысанæн, алы мадзал скæнæд, цæмæй максималонæй ма рцæуа карджынты сæрмæмулкъы барты халыны факттæ», – дзырдæуы фидиуæны.