Адæмон барты хъахъхъæнæг хайад нæ райсдзæн парламенты Сæйраг Тæрхондоны  тæрхонгæнджытæм  кандидаттæм хъусыны
Адæмон барты хъахъхъæнæг хайад нæ райсдзæн парламенты Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттæм хъусыны

Адæмон барты хъахъхъæнæг  парламенты  Сæйраг Тæрхондоны  тæрхонгæнджытæм  кандидаттæм хъусыны  хайад нæ исдзæн.

Омбудсмены  аппараты  ахæлиугонд  фидиуæны  дзырдæуы, цæмæй  адæмон  барты хъахъъхæнæг нæ разы кæны  Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидатты  хъусыны процессмæ  баиу кæнын, цалынмæ ифтонгггонд нæ уыдзæн   юстицийы  бæрзонддæр советы  фундаментон реформæ  æмæ  нæ фæуыдзæн  тæрхонгæнджыты  дзырддзæугæ корды  тæрхонон  системæйы иууæнгон   хицауиуæг.

«Абон уæвæг   уавæр  домы  юстицийы  бæрзонддæр советы фундаментон,  бындурон реформæ ауадзын, кæцыйы тыххæй дзырдæуы  2021 азы 19 апрелы  Гуырдзыстоны стратегион партнерты  бакуыст бадзырды –  «Фидæнон фæндаг Гуырдзыстонæн». Фæнысангонд реформæ ауадзыны онг,  Сæйраг Тæрхондон  тæрхонгæнджыты сывзарын та  уыдзæн  дзырддзæугæ тæрхонгæнджыты корды  стыхджын кæныны æрдæм къахдзæф, цæй тыххæй дæр  адæмон барты хъахъхъæнæг  нæзагъд кæны  фæнысангонд процессы   хайад райсын», –  дзырдæуы фидиуæны.