Адæмон барты хъахъхъæнæг хъусын кæны, цæмæй фауы Миша Мшвилдадземæ физикон лæбурд æмæ сиды прокуратурæмæ, хъуыддаг специалон фæдагурæг куыстмæ аддæттынмæ

10:13, 28.06.2023

Гуырдзыстоны  адæмон барты хъахъхъæнæг  Леван Иоселиани  фауы  Миша Мшвилдадзейы  ныхмæ  сæххæст  физикон    лæбурды  факт  æмæ сиды Гуырдзыстоны  прокуратурæмæ, хъуыддаг мидхъуыддæгты министрадæй,  дарддæры фæдагуырды нысанæн,  лæвæрд уа  специалон фæдагурæг куыстмæ, цæмæй   сбæрæг уа, уыдис æви нæ  бынат физикъон   тыхмидзинадæй сæххæст  сурынæн   дзырды  сæрибардзинады  тыххæй, – уый фæдыл   дзырдæуы  Гуырдзыстоны  адæмон  хъахъхъæнæгы   фидиуæны.

«Адæмон барты хъахъхъæнæг сиды фæдагурæг  уагдонмæ, саразæт  æмбæлон   къахдзæфтæ  бæрнон   гоймæгты  идентификаци скæныны нысанæн;  цырд æмæ   æххæстаргъджынæй  ауадзæт   алы  фæдагурæг   æмæ  процессон   архайд,  самал кæнæт видео-ныффыстытæ,  æрфæрсæт   æвдисæнты,   уагъд æрцæуæд медицинон  экспертизæ   æмæ   æндæр», –  банысангонд у  фидиуæны.

Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй Миша Мшвилдадзейы  нады фактыл   фæдагуырд   тугтæрхоны барады  126-æм  статийæ райдыдта, кæцы йæ  хъуыды дары    тыхмидзинад.

Хуыздæр