8-11  февралы  Гуырдзыстоны  хъарм æмæ фылдæр  хурджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг
8-11 февралы Гуырдзыстоны хъарм æмæ фылдæр хурджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг

Æрдзы националон  агентад 8-11февралы   Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныгъæды фæдыл  информаци хъусын кæны.

Агентады хъусинагæй, 12  февралмæ  Гуырдзыстоны  хъарм æмæ  фылдæр  хурджын бонтæ лæудзæн. Тбилисы   æнæдæлдзырæттæ боныгъæд лæудзæн. Уæлдæфы температурæ   бонæй +14,+16 градус уыдзæн.

Донбыл районты ( Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти) хъарм æмæ æнæдæлдзырæттæ  боныгъæд у  æнхъæлмæкæсинаг.  Уæлдæф +18,+20 градусы онг схъарм уыдзæн.

Æрдзы националон агентады информацийæ, Кахеты (Сагареджо, Телау, Гурджаан, Сигънагъ, Лагодех, Хъуарел, Ахмета, Дедоплисъхъаро) абаргæйæ  хъарм æмæ  æнæдæлдзырæттæ  боныгъæд уыдзæн. Уæлдæф   бонæй   +16,+18 градусы онг схъарм уыдзæн.