OSCE-ы   парламентон ассамблейы  минæвæрттæ – Гуырдзыстоны  политикъон  фарсыты къуымауæй  хъуамæ рацæуой æмæ хайад райсой  ног парламенты куысты
OSCE-ы парламентон ассамблейы минæвæрттæ – Гуырдзыстоны политикъон фарсыты къуымауæй хъуамæ рацæуой æмæ хайад райсой ног парламенты куысты

Гуырдзыстоны  оппозицийы  æрдгæй   фæлхатгæ  парламентон æвзæрстытæ ног ауадзыны æркуырдты æмæ  Хуссар Кавказы  ацы бæстæмæ АИШ-ы паддзахадон ынмæрдар Майк Помпеойы  визиты фоныл, OSCE (ЕÆÆО)-ы  парламентон ассамблейы   политикон   фарстаты æмæ  æдасдзинады   комитеты   сæрдар  æмæ   OSCE-ы  цæстдарæг миссийы   лидертæ   ноджы иу   хатт райхуъсын кодтой, ома   политикон  къуымæй  рацæуæн ссарын хæъуы, цæмæй  ифтонггонд уа   æвзæрстгæнджыты  фæндæн цытлæвæрд, –  уый фæдыл  дзырæдуы   OSCE-ы  парламентон ассамблейы  официалон  веб-фарсыл   публикацигонд  пресс-релизы.

OSCE-ы  цыбырæмгъуыдон   цæстдарæг миссийы  специалон   координацигæнæг, Элона Джебреа  Ходжа  бахахх кодта   хъастыты  касты  инклюзивон   процессы  нысаниуæг.

«Ахæм процесс  ахсджиаг у  фæстаг  азты  айтынггонд  æвзарæнон   процесстæм  гуырдзиаг æвзæрстгæнджыты  æууæнкы  тыххæй.   Ныр  ацы  процесс  куы фæцис,  уæд алы æвзæрст  политикон тых  хъуамæ  сиса  йæ мандат, бахиза  парламентмæ æмæ  адарддæр кæна  кусын  сæрмгаонд институтты  фæлгæтты», –  райхъусын кодта Ходжа.

OSCE-ы парламнтон  ассамблейы   цæстдарæг делегацийы   къухдариуæггæнæг, финляндиаг  парламентар, Пиа Каума  ноджы иу  хатт  банысан кодта, цæмæй  31  октябры  ацæугæ æвзæрстытæ  уыд конкурентджын æмæ  иуæймаг  фундаментон  сæрибардзинæдтæ  хъахъхъæд  уыд.

«Цæстдарджыты  хатдзæгмæ гæсгæ,  Гуырдзыстон æхсæнадæмон партнерты æхсæныбацыдæй,  дæргъвæтин   консцультациытæ фæстæ  сæххæст кодта  нысаниуæгджын демократон   реформæтæ  йæ  демократийы  райтынгæн   конституцимæ  ивддзинæдтæ бахæссыны,  парламентон хицаудзинады  модел  фæхуыздæр кæныны æмæ ног æвзарæнон системæмæ  ахызт райдаыны фæндагæй», –  райхъусын кодта  Пиа Каума.

Уый æрсидтис  процессты хайадисæг фарсытæм, фæтых уой  нырыккон полляризацийыл æмæ  иумæ  бакусой  стабилон политикон  уавæр сфидар кæнынæн.

«Политикъон къуыммæ  чи бацыд, уыцы   фарсытæ,  хъуамæ  бацагурой   рацæуæн.  Æцæг у,  ацы  рард  куыд уæззау  у, уый  бæрæг у,  фæлæ  позитивон    фæстиуæг у  цæрынæн  нысаниуæгджын  Гуырдзыстоны  демократон фидæнæн», – райхъусын кодта  OSCE-ы  парламентон ассамблейы   политикон фарстæты  æмæ æдасдзинад комитеты  сæрдар,  америкаг  конгрессмен  Ричард Хадсон.

Хадсон ма афтæдæр банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстонæн йæ бон у,  уа йæм йæ партнерты æххуысы ныфс, сæ нымæцы, уыдоны, бынатыл  диссаджы  куыст чи æххæст кæны бадзырдмæ  æрцæуыенæн  фарсытæн  æххуысы архæйдтæй, нæкæсгæйæ  уымæ, цæмæй   фæстагмæ сырæзт уавæры алыг кæнын, политикон   кризисæн ифтыгъд суадзын æмæ æвзарæнон   процессмæ æууæнк æрыздахын  æрмæстдæр сæхæдæг гуырдзиæгты дæлбар у.