OSCE-ы парламентон ассамблейы президент -  йæ фарс хæцæм Гуырдзыстонæн алыг кæна кризистæ æмæ проблемæтæ сабырадон фæндагæй
OSCE-ы парламентон ассамблейы президент - йæ фарс хæцæм Гуырдзыстонæн алыг кæна кризистæ æмæ проблемæтæ сабырадон фæндагæй

Нæ  фарс дарæм Гуырдзыстонæн,  алыг кæна кризистæ æмæ проблемæтæ сабырадон фæндагæй, – уый фæдыл  OSCE-ы парламентон ассамблейы  президент  Пиа Каума  оккупацион хаххы цур  райхъусын кодта.

OSCE-ы  парламентон ассамблйы президент  бынатыл  уæвæг   уавæримæ  сæрмагондæй æрзонгæ ис.

«Æз ам уый тыххæй дæн, цæмæй  мæхи цæстæй федтаин  цы уавæр ис бынатыл, цавæр æндæвдад  ис  хуымæтæгæ æмбæстæгтыл  Уæрæсейы æнæзакхонон  оккупацийæн ам.  Мæ тæлмæн у ахæм, ома  ам алцыппæт зыны цæвиттон у сабыр, фæлæ афтæдæр мæ хъыг дары  алæймæгты уавæр  ацы аууæлтты.  OSCE-ы парламентон ассамблейы  архайыны фæндаг у, бацагуырдæуа  сабырадон  фæндæгтæ  æндæр æмæ æндæр проблемæты  æмæ  кризисты алыг кæнынæн, кæцытæ нæ разы сты  Дунейы æндæр æмæ æндæр рæтты.  Кæй  зæгъын æй хъæуы,  нæ ффарс дарæм Гуырдзыстонæн, цæмæй алыг кæна сæрмагонд кризистæ   æмæ проблемæтæ  сабырадон фæндагæй.  Йæ фарс хæцæм Гуырдзыстонæн  ахæм ситуациты аскуыддзагы уыцы фадæтты æмæ инструментты фæрцы, кæцытæ нын ис парламентон ассамблейы», –  райхъусын кодта Пиа Каума.