Гиорги Каландаришвили – фæсарæнты уæвæг æвзæрстгæнæджы æвзæрстыты  хайад райсын регулиргонд у  закъонæй, электронон технологитæй спайда кæндзыстæм æрмæстдæр бæстæйы мидæгæй
Гиорги Каландаришвили – фæсарæнты уæвæг æвзæрстгæнæджы æвзæрстыты хайад райсын регулиргонд у закъонæй, электронон технологитæй спайда кæндзыстæм æрмæстдæр бæстæйы мидæгæй

Фæсарæнты уæвæг  æвзæрстгæнджыты  хайад райсыны фарста регулиргонд у  æвзарæнон закъонæй æмæ æвзарæнон  закхондæттынад  императионæй  дзуры уыцы æмгъуыдты, фæткæвæрды æмæ процедурæты тыххæй, кæцы  ацы æрдгæй, куыд  æвзарæнон  администрацийы æрдгæй, афтæ  ацы процессы   хайадисæг æндæр æмæ æндæр  уагдонæн  у бæрæг – уый фæдыл  Централон Æвзæрстгæнæг Комиссийы   сæрдар, Гиорги Каландаришвили райхъусын кодта.

Гиорги Каландаришвили  куыд банысан кодта афтæмæй,  ЦÆК, афтæ куыд   æндæр   æххæстбарджын  уагдæттæ сæ компетенцийы фæлгæтты  сыххæст кæндзысты  алы уыцы процедурæ  кæцы ифтонг кæны  фæсарæнты уæвæг æмбæстонты æвзæрстыты хайад райсын.

«Ныр та уыцы фарстаты тыххæй куы зæгъæм  кæцы фæстаг периоды фæсарæнты  уæвæг æвзæрстгæнджыты  алыварс хъусæм, сæ нмыæцы манипуляцион дæр,  сæ нымæцы дэзинформацион –  хъуамæ банысанæуа, цæмæй  æвзарæнон администраци йæ  афоныл  алы  этапы  фæдыл æмбæлгæ  нысанон  къордтæн базонын кæндзæн  информаци.  Æвзарæнон фадгуытæ сбæрæг вæййынц хъæлæскæныны онг иу мæй раздæр.  Æвзарæнон   периоды с нæм цæмæй номхыгъд дырыуа,  æмбæлгæ уагдон  консулон бахыгъдыл  уæвæг   уæнгты фæдыл   информаци нын базонын кæндзæн, кæцы фæстæдæр суыдзæн бындурæй, цæмæй комисси  тæрхон кæна конкретон локацитыл  æвзарæнон  фадгуыты байгом кæныныл.

Электронон  технологитæй  спайда кæныны фæдыл, закъондæттæг оргæны райстой  бирæпартион  уынаффæ технологитæй спайда кæныны фæдыл, аконы фыст æрцыд, цæмæй банысангонд  технологитæй спайда кæндзысты æрмæстдæр бæстæйы мидæгæй, æнæинтернетæй,  растдæр уый тыххæй, цæмæй   алы  тас,рискытæй кæцытæ баст сты кибер бырстытимæ æмæ киберазаримæ, нæхи ауиварс кæнæм, растдæр уыцы æхсæнадæмон  практикæйы анализы фæстиуæгæн, кæцы æндæр æмæ æндæр бæстæйы ис ацы æрдгæй» – райхъусын кодта Каландаришвили.