Польшæйы парламентон æвзæрстытæ  цæуынц
Польшæйы парламентон æвзæрстытæ цæуынц

Польшæйы  парламентон æвзæрстытæ  цæуынц.  Польшæйы  хицаугæнæг  «Рæсдзинады  æмæ Барады»  парти   æртыккæгæм хатт баархайдзæн   æвзæрстыты фæуæлахиз уын.

Польшæйы  оппозици бæлвырд кæны, цæмæй  хицаугæнæг  партийы æвзæрстыты   уæлаиздзинад  бæстæйæн   Евроцæдисæй рахицæны  фæндагыл слæууын кæндзæн.

Польшæйы æвзарæнон  фадгуытæ  бынæттон рæстæгæй   сæумæрайсомы   07:00  сазаты байгом сты æмæ   изæры 21:00 сахатыл  æрыхгæндзысты.

Полльшæйы æмбæстæгтæ   сывзардзысты Сеймы 460  уæнгы  æмæ Сенаты 100 уæнгы.

Æхсæнадон хъуыдыйы  рафарстмæ гæсгæйæ,    хицаугæнæг  «Рæстдзинады æмæ барады»  парти   фæуæлахиз уыдзæн,ф æлæ  гæнæн ис  фылдæры хайæ ма  уа.

Уый æддæмæ ма   æвзæрстгæнджытæ  сдзуапп кæндзысты  референдумы фарстытæн – Пенсион кары,  паддзахадон  исады приватизацийы,  евроцæдисы æндæр бæстæтæй  æнæлегалолн  мигрантты  райсты æмæ  Белорусимæ арæн сфидар кæныны  фæдыл.