Николоз Самхарадзе  OSCE-ы парламентон  ассамблейы  21-æм фембæлдыл дзырдæй ралæууыд
Николоз Самхарадзе OSCE-ы парламентон ассамблейы 21-æм фембæлдыл дзырдæй ралæууыд

Гуырдзыстоны парламенты делегаци  Ереваны OSCE-ы  парламентон ассамблейы 21-æм  фæззыгон  фембæлды исы  хайад.

Парламенты пресскуысты  информацийæ,  дзырдæй ралæуды рæстæджы  æддæ ахастыты комитеты сæрдар æмæ OSCE-ы парламентон ассамблейы  Гуырдзыстоны парламенты иудадзыг  делегацийы  къухдариуæггæнæг, николоз Самхарадзе, Гуырдзыстонмæ  OSCE-ы  президенты  Пиа Каумайы  æмæ  делегацийы  визитыл, афтæма  нæ бæстæйы регионон ролыл  фæныхас кодта.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, уый уыдис тынг  афойнадон визит  уæвæг  уавæрæн аргъ скæнынæн  æмæ Хуссар Кавказы  дæргъвæтин  сабырад  сфидар кæныны фадæттæ  бацахуырæн кæнынæн.   Афтæма  иттæг нысаниуæгджын  уыд  делегацийы федтаит  оккупацион хаххы  æмæ  тыхбын бынативгæ уæнгты  цæрæндæттæ. Нырид  15 азы ( иуæй-иутæ  та  30 азы дæр)  дæргъы  кæмæн  не нтысы  сæрмагонд  хæдзæрттæм  æрыздæхын уыцы  адæмы  фенын. Афтæдæр мæ  фæнды банысан кæнын, ома Гуырдзыстон цæттæ у  Сомихыстоны æмæ Азербайджаны  æхсæн  сабырадон диалог ауадзынæн  йæ къух саразын. Цæттæ стæм  банхъарæм Тбилис, куыд бадзырдты  бынат  æмæ ныфс дарæм, цæмæй   уыцы  хæсдзинадæй, кæцыйы химæ  тыххæй  дыууæдæр фарс  æргомæй райхъусын кодтой,   бафæраздзыстæм  æввахс мæйты  банысан кæнæм дæргъвæтин   сабырдзинад нæ дыууæ æфсымæрон   бæстæйы  æхсæн.  Не рдгæй, Гуырдзыстон цæттæ к  диалог ауадзынæн йæ  къух саразынмæ»-  райхъусын кодта Николоз Самхарадзе.

Гуырдзыстоны  парламентон делегацийы къухдариуæггæнæгæн сдзуапп кодта OSCE-ы парламентон ассамблейы  президент Пиа Каума.

«Тынг æхцон уыдис Гуырдзыстоны  уазæгуат уæвын.  Ныр Гуырдзыстонæн иттæг нысаниуæгджын   момент лæууы, уымæн æмæ алчи зонæм, цæмæй  уæм лæвæрд уыд  Евроцæдисмæ кандидаты статус, кæцыйы тыххæй  официалонæй цалдæр къуыримæ, декабры райхъусын кæндзысты», – загъта  Пиа Каума  æмæ  банысан кодта, цæмй OSCE æххæстæй фарсдарын  сиды Гуырдзыстонæн,  куыд йæ  территорион æнæхъæндзинады, афтæ  Сомихыстон æмæ Азербайджаны  æхсæн сабырадон  диалогæн  баххуысы  æрдгæй.

Фембæлды Николоз Самхарадзеимæ иумæ,  хайад иста  Европæимæ  интеграцийы  комитеты  сæрдар, OSCE-ы  парламентон ассамблейы  Гуырдзыстоны  парламенты идуадзыг  делегацийы  уæнг Макъа Бочъоришвили.