Эгзитполты фæстиуджытæй, Словакийы парламентон æвзæрстыты лидер у парти «Прогресивон Словаки»
Эгзитполты фæстиуджытæм гæсгæйæ, Словакийы парламентон æвзæрстыты проныгуылæйнаг либералон парти «Прогрессивон Словаки» 23,5 процентæй лидер у. Дыккаг бынаты 21,9 процентæй ис бæстæйы раздæры премьер-министры, Роберт Фикойы парти «Словакаг социал-демократтæ».
Бынæттон медиайы хъусинагæй, агентад «Focus»-ы уагъд эгзитпол 20 000 æвзæрстгæнæгы рафарстыл у бындурæвæрд.
Уæдмæ информацион агентад «Ройтер» хъусын кодта, цæмæй Роберт Фикойы фæнды, Венгрийы хуызæн, сыхаг Украинайæн æфсæддон æххуыс баурома, кæцы гæнæн ис йæ фæуæлахизы цауы сыххæст уыдаит.
«Прогрессивон Словакийы» уæлахиздзинады цауы та, агентады хъусинагæй, хицауад нæ бауромдзæн бæстæйы фидар æххуыс Украинайæн.