Националон Банк – Гуырдзыстоны æддагон хæс æмтгæй райсгæйæ  ахæццæ ис  19.7 миллиард АИШ доллармæ
Националон Банк – Гуырдзыстоны æддагон хæс æмтгæй райсгæйæ ахæццæ ис 19.7 миллиард АИШ доллармæ

Националон банкы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны  æнæхъæн  æддагон  хæс, 2020  азы 30  сентябры  уавæрæй  19,7  миллиард АИШ доллар (64,7 миллиард лари)  у, кæцы  фæстаг  цыппар кварталы   æмтгæйон мид продукты  120,4 проценты бæрц у. 2020 азы  æртыккаг  кварталы Гуырдзыстоны  æнæхъæн æддагон хæс   райрæзтис  781,5 млн долларæй. Уыдонæй операцион ивддзинæдты  тыххæй, хæс  584,3 млн  АИШ  долларæй   фæфылдæр ис, æрмæст  аргъы, курсон æмæ æндæр ивддзинæдты  тыххæй    хæс, –  83.3 млн АИШ долларæй, 48,9  млн АИШ долларæй æмæ 65 млн АИШ долларæй райрæзтис.

Националон банкы   хъусинагæй,  паддзахадон   æддагон хæс  аххæссыд  8.9 млрд АИШ доллармæ (29.3 млрд лари), кæцы  ÆМП-ы  54.6%   у, кæцытæй  хицауадон  секторы хæс у  6.8 млрд АИШ доллар (22.2 млрд лари; ÆМП-ы 41.4 %), Националон Банкæй даргæ  хæстæ – 457,8 млн  АИШ доллар (1.5 млрд лари; æмп-ы 2,8 процент), æрмæст  паддзахадон  амалиуæгадты  облигацитæ æмæ   хæстæ,  794.9 млн  АИШ доллар (2.6 млрд лари; æмп-ы 4.9%) æмæ  904 млн АИШ доллар (3.0 млрд лари;  æмп-ы 5.5%).

Уыйимæ иумæ  ма Националон Банкы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй,  банкон секторы æддагон хæс  аххæссыд  4.4 млрд  АИШ доллармæ (14.6  млрд  лари;  æмп-ы  27.2 проценты).