Националон Банк-  Декабры, Гуырдзыстоны фæсарæйнаг туристты  нымæц, раззаг азимæ  абаргæйæ  226.4% фæфылдæри
Националон Банк- Декабры, Гуырдзыстоны фæсарæйнаг туристты нымæц, раззаг азимæ абаргæйæ 226.4% фæфылдæри

Гуырдзыстоны  Национ Банкы  бæрæггæнæнтæй, 2021 азы   декабры  æхсæнадæмон  визиторты  нымæц, раззаг азимæ абаргæйæ,  226.4%  райрæзтис.   Туристты  нымæц, визиторты æмтгæйон  нымæцы  89.9 проценты бæрц  уыд  æмæ афæдзон  239.1  % райрæзтис.

«Регионы бæстæтæй, визиторты  нымæцы  фæфылдæры сегасдæр стыр  хайбавæрд скодтой – Уæрæсейæ(28.5)  Туркæй (26.2) æмæ Сомихыстонæй  (18.9)  æрцæугæ визитортæ. Евроцæдисы бæстæтæй  визиторты  нымæц 6.6 хатотнæй  райрæзтис, кæцы æмтгæйон рæзьты 14.9 процентон хайбавæрд скодта.  Сæрмгаондæй : Германийæ, Польшæйæ æмæ лиетувæйæ  æрцæугæ  визиты  нымæц  фæфылдæр.  Иннæ бæстæтæй  банысан кæнинаг у  Израилæй  æрцæугæ  визиторты  нымæц  куыд рæзты  темпæй, афтæ æмтгæйон рæзты  стыр хайбавæрдæй» –   банысангонд у  хыгъдлæвæрды.