Националон Банкы Отар Парцхаладзейы тыххæй хъусын кæнынц, цæмæй санкциргонд уæнгæн арæн  кæны алыхуызæн финансон  операциты сыххæсты фадат
Националон Банкы Отар Парцхаладзейы тыххæй хъусын кæнынц, цæмæй санкциргонд уæнгæн арæн кæны алыхуызæн финансон операциты сыххæсты фадат

Санкциргонд  унгæн  арæн кæны, куыд йæ исады уаг дарын, афтæ алы хуызы  финансон операциты сыххæсты фадат. Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй  гуырдзиаг финансон  сектор архайы  санкциты режимтæй  бæрæг  домæнтæ æххæстæй хъахъхъæнгæйæ, –  уый фæдыл Националон Банкы  Отар Парцхаладзейы  тыххæй  райхъусын кодтой.

Националон Банкы  куыд хъусын кæнынц афтæмæй,   финансон санкцитæм æмбæлондзинады нысанæн, Националон Банкы  арызт у  специалон   хайад, кæцы фæнысангонд процессы мониторинг æххæст кæны.

«Бæрæг куыд у афтæмæй,  2022 азы 26 февралæй Гуырдзыстоны Националон банкы  барамындæй  Гуырдзыстоны финансон институттæ  æххæстæй  архайынц АИШ-ы, Евроцæдисы æмæ Стыр Британийы  æрдгæй  Уæрæсейы Федерацийы ныхмæ   æрбайсгæ  финансон санкцитæм æмбæлгæйæ.  Санкциты  доменты сыххæст æмæ æмбæлон контролы  механизмты  æрфидар кæныны рæстæджы, иугонд  балæуд сфидар кæныны нысанæн, Гуырдзыстоны  Националон Банкы  президенты 2023  азы 4 августы №208/04 бардзырдæй сбæлвырд ис  «Гуырдзыстоны Националон Банкы цæстдарынады дæлбар  бæрнон  гоймæгты  æрдгæй  санкциты режимты сыххæсты уаг». Уæлдæрбанысангонд амынды æмæ уагмæ мбæлгæйæ,  Гуырдзыстоны  финансон  секторæн  бахæс ис, сæ нымæцы, йæ  зæрдыл бадара  АИШ-ы  къазнайы  фæсарæйнаг  активты  контролы офисы (OFAC)  санкциргонд  уæнгты номхыгъдмæ (SDN list)  хаст уæнгты ныхмæ бæрæг доменты сыххæст, кæцы йæ  хъуыдыйы  дары  санкциргонд уæнгтæн активты рæувадатдзинады æмæ финансон  транзакциты  сыххæст арæн скæнын.  Санкциргонд уæнгæн арæн кæны, куыд йæ активты уаг дарын, афтæ  алы хуызы  финансон   операциты сыххæсты фадат. Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй гуырдзиаг финансон  сектор архайы санкциты  режимæй  бæрæг  домæнтæ кæронмæ æххæстгæнгæйæ.  Финансон санкцитимæ æмбæлондзинады нысанæн,  Националон Банкы арызт  у специалон хайад, кæцы мониторинг кæны  фæнысангонд процесс.  Банысанкæнинаг  у  уый,  цæмæй æхсæнадæмон организацитæ  æвæрццаг аргъ кæнынц Националон  Банкы  къахдзæфтæ ацы æрдæмадæй»,-  райхъусын кодтой  Националон банкы.