Националон Банк – Январы æхцайæ æрвитæггæгты  къадаты бæрц 163.5 процентæй  райрæзтис
Националон Банк – Январы æхцайæ æрвитæггæгты къадаты бæрц 163.5 процентæй райрæзтис

Националон Банкы информацийæ, 2023 азы   январы бæстæмæ æрбафтгæ  æхцайæ æрвитæггæгты  къадаты бæрц 445  млн  АИШ доллармæ ахæццæ ис, кæнæ та  1190,9 млн лари, кæцы  163,5%-æй, 276 млн АИШ долларæй  фылдæр у  2022 азы  январы  аналогион бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ.

Централон Банкы хъусинагæй,  фæсарæнтæй  Гуырдзыстонмæ  æхцайæ æрвитæггæгты  97,7%  уыцы  21  ставддæр партнер бæстæйæ  у, кæцæй дæр рвитæггæгты  бæрц  январы   алкæцыйыл  1 млн АИШ  долларæй  фылдæр уыд. Уыцы  21 бстæйыл    ивгъуыд азы   январы   æрвитæггæгты  æмтгæйон   нымæц  уыд   92%.

Æрвитæггæгты   статитстиикæмæ гæсгæйæ,   сегасдæр фылдæр  суммæ – 267,62 млн АИШ доллар, Уæрæсейы  Федерацийæ уыд æрвыст. Дыккаг бынатыл   Итали  39,64 млн АИШ  долларимæ. Æртыккаг бынат  ахсы АИШ-æ 28,59 млн АИШ долларимæ, цыппæрæм бынатыл   ис  Греци  18,07 млн АИШ  долларимæ., æрмæст фæндзæм бынат  ахсы – Израил  17,08 млн АИШ долларимæ.

Уыимæ  Националон бакны   хъусинагæй, 2023  азы  январы  Гуырдзыстонæй  фæсарæнтæм  26,3  млн АИШ доллар, кæнæ та  70,3 млн лари уыд æрвыст, кæцы  2022 азы  январы  аналогион бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ  12,7%-æй  фылдæр у.