Националон банкъ – Гуырдзыстоны æхцайы æрвитæнты сæйраг гуырæн нырма дæр сты Евроцæдисы бæстæтæ æмæ АИШ
Националон банкъ – Гуырдзыстоны æхцайы æрвитæнты сæйраг гуырæн нырма дæр сты Евроцæдисы бæстæтæ æмæ АИШ

Ноябры Гуырдызстонмæ æрвыст æхцайы бæрц афæдзмæ абаргæйæ 11.9% фæфылдæр ис, 298.4 милуан АИШ доллары онг, Гуырдзыстонæй æрвыст æхцайы бæрц та 10.3% фæфылдæр ис, 36.8 милуан АИШ доллары онг – уый фæдыл Националон банкъы публикацигонд хыгъдлæвæрды ис фыст.

Централон банкъы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, рæзтмæ сæйраг хайбавæрд бахастой Евроцæдисæй райсгæ æхцайы æрвитæггæгтæ, кæцытæ афæдзмæ 14.2% сырæзтысты. АИШ-æй æрвыст æхца дарддæр рæзыд 15,5%. Ноябры Уæрæсейы æвæрццаг хайбавæрд уыд 3,3 процентон пункт.

«Ноябры æхцайы фæрæзты сæйраг гуырæн уыдысты Евроцæдисы бæстæтæ (45,5%), АИШ (19,4%) æмæ Уæрæсе (12,9%).Евроцæдисы бæстæты æхсæн бæрæг у Италийы (16,9%), Германийы (9,2%) æмæ Грецийы (8,3%) стыр хай». – Гуырдзыстоны националон банкъы публикацийы ис фыст.