Гуырдзыстоны  Националон Банкы абоны валютон аукционмæ хаст 20 милуан АИШ долларæй ауæй ис  8 305 000
Гуырдзыстоны Националон Банкы абоны валютон аукционмæ хаст 20 милуан АИШ долларæй ауæй ис 8 305 000

Гуырдзыстоны  Националон Банк  абоны  валютон  аукционыл   ауæй кодта  8 305 000 доллар.

Абон ацугæ  Гуырдзыстоны Националон Банкы  валютон аукционыл  Банкмæ уæййаг уыд  20 млн АИШ доллар, кæцытæй   8 305 000  ауæй  ис.

Астæуккаг   ивгæ  курс  уыд  2. 7961.

Цæугæ азы  уый  Националон банкы  фæндзæм валютон аукцион у. Фæстаг   валютон   аукцион   Националон банк  ауагъта  10 августы, кæцыйыл  40 лн  АИШ доллар  балхæдта.

Уыимæ цæугæ азы  уый нырид дыккаг цау у, Националон Банк  валютон   базармæ доллæр кæй  бадæтта. Гуырдзыстоны Националон Банк  валютон аукцитонмæ  доллар фыццаг хатт  9 марты  рахаста  æмæ  39 570 000 доллар ауæй кодта.