Националон Банк – «ВТБ Банкы»  балхæды тыххæй, Националон Банкмæ  барлæвæрды фæдыл иунæг  куырдиат дæр нæ бацыд, цыфæнды  бадзырд цæудзæн санкциты домæнтæ æмæ  закъондæттынад хъахъхъæнгæйæ
Националон Банк – «ВТБ Банкы» балхæды тыххæй, Националон Банкмæ барлæвæрды фæдыл иунæг куырдиат дæр нæ бацыд, цыфæнды бадзырд цæудзæн санкциты домæнтæ æмæ закъондæттынад хъахъхъæнгæйæ

Гуырдзыстоны Националон Банк   «Витиби Банкы»  гæнæн балхæды фæдыл  æмбарынгæнæн дæтты, цæмæй  официалонæй  Националон Банкмæ  барлæвæрды фæдыл иунæг æркуырд дæр нæ бацыд.

Националон Банкъы  хъусын кæнынц, цæмæй  цыфæнды  цауы  бадзырд   ацæудзæн æргомæй,  æрмæст   æхсæнадæмон    санкциты  æркуырдты  æмæ архайæг   закондæттынадмæ  æххæстæ мбæлгæйæ.

«№Махæн бæрæг у, цæмæй   «ВТБ Банкы» балхæды тыххæй   бирæ  интерес ис, фæлæ  официалонæй  Националон бакнмæ   барлæвæрды фæдыл куырдиат нæ   бавдыстæуыд. Æргомæй  конкретон  компаниты æмæ мыггæгты   райхъусын кæныны бар нын ацы этапыл нæй.  Фæлæ  нæ бон у,  бауырнын уæ кæнæм, цæмæй   цыфæнды  бадзырд ацæудзæн æргомæй  æмæ æрмæстдæр æхсæнадæмон  санкциты домæнтæм æмæ   архайæг закъондæттынадмæ  æххæст  æмбæлгæйæ.  Уый тыххæй  цæмæй  «ВТБ Банк»  у  санкциргонд АИШ-ы къазнайы департаменты æрдгæй,   уымæ æмбæлгæйæ  йæ  балхæд-ауæйимæ  баст  цыфæнды  бадзырд   фарсытæ   хъуамæ сразы кæной  АИШ-ы  къазнайы   департаментимæ.   Националон Банк æрæмæст ацы  разыдзинады цауы   ратдзæн бар  транзакци сыххæст кæныныл»  банысан кодтой  Националон Банкы.