Националон Банк -  Ноябры Гуырдзыстонмæ æхцайæ æрвитæггæгтæ 151  процентæй фæфылдæр сты
Националон Банк - Ноябры Гуырдзыстонмæ æхцайæ æрвитæггæгтæ 151 процентæй фæфылдæр сты

 

2022 азы   ноябры, Гуырдзыстонмæ  æрвыст суммæты  бæрцуат, раззаг азимæ абаргæйæ, 151.4 процентæй  фæфылдæри  æмæ 521.2 млн АИШ доллармæ ахæццæ ис, æрмæст Гуырдзыстонæй  æрвыст  суммæты бæрцуат, 1.1  процентæй, 31.4 млн доллар онг  райрæзт.  Уый фæдыл  Националон банкы  паубликацигонд    хыгъдлæвæрды  у банысангонд.

«Уæрæсейæ æхцайæ æрвитæггæгтæ  ноябры   та фæстæмæ  бирæ  уыд  æмæ  316 млн АИШ доллары бæрц уыд, кæцы раззаг азы  уыцы  мæйимæ абаргæйæ,  9.2 хатты фылдæр у.  Ноябры, регионы   бæстæтæй,   Хъыргизæй  æрвыст суммæтæ  бæрзонд темпæй, 206.4  процентæй сырæзтысты.  Фæнысан кæнын хъæуы  афтæдæр Сомихыстонæй  231.1%  райрæзгæ æрвигæггæгтæ  дæр. Æрмæст Азербайджанæй  æмæ Украинайæ  æрвыст  суммæтæ  фæстæмæ  та каддæр кæнынц. Бæрзонд темпæй   райрæзтис  АИШ-æй  суммæты  æрвиггæгтæ  (20%) Бæстæтæм гæсгæ  куы райуарæм  уæд   æхцайæ æрвиггæгты  фылдæр  равзæрæн  ноябры  уыд Уæрæсе (60.7%), Евроцæдисы бæстæтæ  (18,4) æмæ АИШ (5,5%). Евроцæдисы бстæтæй  банысан кæнинаг  сты  Италиайы, Грецийы  æмæ Германийы  бæрзонд хай æхцайæ æрвигæггæты», – банысангонд у   Националон Банкы  публикацигонд хыгъдлæвæрды.