Минскы оппозицион ахастдарæг журналист Роман Протасевичы æрцахстой
Минскы оппозицион ахастдарæг журналист Роман Протасевичы æрцахстой

Минскы  оппозицион ахастдарæг  журналист  Роман Протасевичы  æрцахстой, кæцыйы  Белорусы  хицауад  аххосджын кæны массон  змæст  организацидзинады.  Банысан кæнын хæъуы  уый æмæ Протасевич  авиакомпани «Райянэары»  хæдтæхæгæй  Афинæтæй  Вильнюсмæ фæцæйтахтис, фæлæ борты рæмудзæн  гарзæгы  фæдыл  хъусинагы  тыххæй,   хæдтæхæг  аварионæй   сбадтис  Минскы аэропорты, цы ран  уыйы  барадхъахъъхæнджытæ æрцахстой.

Бортыл рæмудзæн  гарзæгы не ссардæуыд. Белорусаг  телеграм-канал  «Пул-Первого»-йы хъусинагæй,   президенты администрацийы барамындæй,  хæдтæхæгы фæдыл  аэропорты онг   авиакуынæггæнæг – «Миг-29»  зылдис.  Банысчан кæнын хъæуы уый æмæ   радары бæрæггæнæнтæй,   хæдтæхæтг уыдис  Лиетувæйы арæнтæм хæстæг, фæлæ  йæ Минскъмæ раздæхтой.

Йæхæдæг Роман Протасевич  рейсы размæ  хъусын кодта, цæмæй аэропорты   йыл цыдис цæстдард  æмæ  йæ паспорт æмæ документтæн къам айсын дæр архайдтой.

Роман Протасевичмæ  Белорусы  15 азы онг ахстæй  æфхæрд æртъхъирæн кæны.