Британийы  премьер, брекситы бадзырд, Лордты  палатæйы халæппæрстмæ ноджы иу хатт рахæсдзæн
Британийы премьер, брекситы бадзырд, Лордты палатæйы халæппæрстмæ ноджы иу хатт рахæсдзæн

Стыр  Британийы премьер-министр Борис Джонсон   абон  Брекситмæ гæсгæ,  цы бадзырдмæ æрцыдысты  Лордты палатæйы, уый  халæппæрстмæ ноджы иу хатт  рахæсдзæн.   Информацийы  хъусын кæны  «ВВС».

Бадзырдæн хал  19 октябры хъуамæ сыппæрстаиккой, фæлæ  бадзырды  бæсты,  депутаттæ  йæ  фарс рахæцыдытсы   барастæн, кæцымæ гæсгæ  дæр, хицауад нырма бæстæйы  Евроцæдисæй   рацыдæн æнæмæнгхъæугæ  закъондæттынад хъуамæ сфидар кæна,  æмæ æрмæст уый фæстæ хъуамæ сырæза  евроцæдисимæ  цы  бадзырдмæ  æрцыдысты  уыйы халæппæрст.

Уый фæстæ  Борис Джонсон,  закъон æй куыд хæсджын кодта афтæмæй,   Брюссельмæ арвыста  фыстæг, кæцыйæ дæр  уый  Брекситы æмгъуыд ахæцын куры.  Борис Джонсон  фыстæджы кæрон æмбарын кæны, цæмæн  нымайы,  ома  Брекситы æмгъуыд ахæцын рæдыд кæй  уыдзæн уый.

Æнæкæсгæ Брюсселмæ æрвыст æркуырдмæ,  британийы   хицауады дзурынц, цæмæй   Евроцæдисæй  31 октябры уæддæр рацæудзысты.