Борис Джонсон хъусын кæны, цæмæй Украина æмæ Уæрæсейы æхсæн æхсты фæурæды фæдыл бадзырд нæ уыдзæн æгъгъæд Британийы æрдгæй Урæсейæн  санкцитæ  сыхалынæн
Борис Джонсон хъусын кæны, цæмæй Украина æмæ Уæрæсейы æхсæн æхсты фæурæды фæдыл бадзырд нæ уыдзæн æгъгъæд Британийы æрдгæй Урæсейæн санкцитæ сыхалынæн

Британийы  премьер-министр  Борис Джонсон  хъусын кæны, цæмæй  Украинайы æмæ Уæрæсейы æхсæн æхсты фæурæды фæдыл бадзырд   æгъгъæд нæ уыдзæн уымæн цæмæй  Британи  Уæрæсейæн санкцитæ сыхала. Информаци уый тыххæй хъусын кæны  агентад «Ройтер».

«Премьер-министр  райхъусын кодта, цæмæй æрмæст  æхсты фæурæд нæ уыдзæн æгъгъæд Британийы æрдгæй  Уæрæсейæн санкцитæ сыхалынæн.  ЙÆ дзырдæй зæгъгæ, æлхъывд  Уæрæсейы  президент Владимир Путиныл хъуамæ  фæкарздæр уа,  куыд фидæнон экономикон  мадзæлттæй, афтæ  æфсæддон  æххуысы æрдгæй дæр, цæмæй  æрцæуа Уæрæсейы  къурсы æххæстæй  раивд»  –  райхъусын кодта Британийы премьер-министры прес-спикер.