Борис Джонсон йæ  куыстæй  йæхи суæгъд кодта
Борис Джонсон йæ куыстæй йæхи суæгъд кодта

Стыр Британийы  премьер-министр Борис Джонсон йæ куыстæй  йæхи суæгъд кодта. Уый фæды Джонсоны сидтæй  ссис бæрæг. Уымæй  уæлдай ма, Борис Джонсон афтæдæр  йæхи систа   хицаугæнæг партийы лидеры  бынатæй.

«Бæрæг у,  парламенты «Корсервативон Партийы»  фæндон у, цæмæй  ацы партийæн уа  ног лидер æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр,  ног премьер-министр.  Разы дæн, цæмæй  ног  лидеры сывзарыны   процесс хъуамæ  райдайæт ацытæккæ,  æмгъуыдты  тыххæй  бæрæг уыдзæн  иннæ  къуырийы», – райхъусын кодта  Борис Джонсон.

Борис Джонсоны  куыстуæгъды  фæдыл  фидиуæнæн  йæ размæ, министртæ  æмæ цалдæр  бæрзонд гæсы  афтæдæр  сæхи суæгъд кодтой  сæ куыстæй,  кæцытæ  протесты нысанæн  нæзагъд ракодтой  Джонсоны  хицауады  кусыныл. Протест та баст уыдис  сексуалон  равгы скандалимæ, кæцыйы тыххæй Борис Джонсон  хатыр ракуырдта.

Хъуыддаг æххæссы «Консерваторты»  партийы   парламентон нымæрдары  хæдивæг Крис Пинчермæ, кæцыйы  зылынджын кæнынц сексуалон фæлгъуыды.  Пинчер  хатыр ракуырдта æмæ йæ куыстæй  йæхи суæгъд кодта 30  июны, фæлæ  медиа куыд фыссы, афтæмæй,   рабæрæг ис, цæмæй Пинчеры  ныхмæ  хъаст 3  азы размæ дæр уыдис, кæцыйы фæдыл Борис Джонсон зыдта æмæ уымæ нæкæсгæйæ,  уæддæр снысан кодта Пинчеры бæрзонд гæсæй.  Борис Джонсоны фидиуæнæй,   зæгъгæ  хатыр куры  уый тыххæй, цæмæй Крис Пинчер  хицауады  куыста.