Борис Джонсон Ираклий Гъарибашвилийæн -  æхсызгон у уыцы ахастытæ рапарахат, кæцыты символæй ссис  Уордропы  стратегион  диалогы  формат, афтæма нæ æмгуыстады  ног бадзырд
Борис Джонсон Ираклий Гъарибашвилийæн - æхсызгон у уыцы ахастытæ рапарахат, кæцыты символæй ссис Уордропы стратегион диалогы формат, афтæма нæ æмгуыстады ног бадзырд

Цытджын премьер-министр!  Ацы азы 27 апрелы  Иугонд Паддзахад æмæ  Гуырдзыстон, дипломатон ахастыты сног кæныны 30 азы  юбилей  банысан кæндзыстæм.  Фæнды мæ  ацы фадатæй  спайда кæнын  æмæ  та уын ногæй  сбæлвырд кæнон куыд  стыр нысаниуæг  дæтты Иугонд Паддзахад  уыцы  ахастытæн,  кæцы нæ дыууæ бæстæйæн ис –  уый фæдыл Иугонд Паддзахады  премьер-министр, Борис Джонсоны официалон  фыстæджы  мидæг ис фыст, кæцыйы Гуырдзыстоны премьер-министр, Иракли Гъарибашвили райста. Информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны  хицауады  администрацийы  пресс-куыст.

Борис Джонсоны дзырдæй, фæстаг 30 азы  дæргъы, Иугонд Паддзахад æмæ Гуырдзыстон æмкуыст кæнынц нысаниуæгджын партнерад рапарахат кæнынæн.

«Дзæбæх æмбарын уыцы факт, ома проврцирдзинадæй цух, Владимир Путины  æрдгæй  барæй  сыххæст  гуымиры  бырст Украинамæ  ноджы карздæр кæны  уыцы  быцæусидтытæ,  кæцыты раз Гуырдзыстон азты  дæргъы  лæууы. Иугонд Паддзахад æмæ  æхсæнадæмон æмгарад  Дунеон нациты  сæрибардзинады, демократи æмæ  суверенитеты ныхзмæ  ацы  гом агрессийæн йæ ныхзмæ слæууыдыстæм.  Фæнды мæ афтæдæр бауырнын уæ кæнон, цæмæй хъæддых  йæ фарс хæцæм, Гуырдзыстоны суверенитет æмæ   территорион æнæхъæндзинадæн  æмæ  гуырдзыйаг адæмы евро-атлантикон   æвзæрстæн.  Нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсын фидæн азты нæ  партнерады  æнæаскъхуынгæ апарахатмæ» – банысан кодта Иугонд паддзахады  премьер-министр.